Тыбылты Леонид ӕрдомдта театры арӕзтад фӕрӕвдздӕр кӕнын

© Пресс-служба президента РЮОСтроительство фонтана на театральной площади
Строительство фонтана на театральной площади - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент бабӕрӕг кодта арӕзтад ӕмӕ бафиппайдта, куыстыты график кӕй бахъыгдардзысты фӕззыгон арӕх дæлдзырæттæ.

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Тыбылты Леонид ӕрдомдта Паддзахадон драмтеатры арӕзтады темптӕ фӕтагъддӕр кӕнын, ӕртыццӕджы объект куы бабӕрӕг кодта, уый фӕстӕ, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

"Уынын, куыст кӕй нӕ лӕууы, кусджытӕ абон куыд фыдӕбон кӕнынц. Мидӕггагон куыстытӕм къаддӕр фарстатӕ ис, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕххӕст гӕнӕн ис ӕвзӕр боныгъӕды дӕр. Ӕмӕ фӕззыгон арӕх дӕлдзырӕттӕ куы райдайой, уӕд та цы сараздзыстӕм? Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фӕрӕвдздӕр кӕнын хъӕуы куысты темптӕ", — загъта Тыбылты Леонид.

Президент бахахх кодта, театры арӕзтадӕн кӕй ис егъау нысаниуӕг.

"Цӕрджытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, кӕд бахӕццӕ уыдзӕн кӕронмӕ ацы арӕзтад. Фӕнды нӕ фенын националон драмон театр. Йӕ сценӕйӕ нӕ уарзон артистты хъазт фенын", — загъта Тыбылты Леонид.

© Пресс-служба президента РЮОФонтаны арӕзтад
Строительство фонтана  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонтаны арӕзтад

Арӕзтады нывӕзтмӕ гӕсгӕ, театры агъуыст хъуамӕ сцӕттӕ уа ацы азы кӕронмӕ. Аразджытӕ дӕр фидарӕй дзурынц, ӕмгъуыд ӕххӕст кӕй ӕрцӕудзӕн.

Объектыл кусы компани "Эверест", кӕцы хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд Татарстанӕй ӕмӕ абон президентимӕ иумӕ арӕзтад бабӕрӕг кодта Татарстаны президенты ӕххуысгӕнӕг Фарит Ханифов. Уый фехъусын кодта, "2016 азы Паддзахадон драмон театр дыууӕ зал ӕмӕ 500 бынатимӕ кӕй бакӕндзӕн йӕ дуӕрттӕ республикӕйы цӕрджытӕн".

Городской фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сӕйраг фæзуаты фӕзындзӕн "сур" музыкалон фонтан алайнаг орнаментимӕ

Ныридӕгӕн кусджытӕ бамбӕрзтой цар ӕмӕ кусынц бындурон мидӕггон элемент — театралон сценӕйы монтажыл, проектмӕ гӕсгӕ уый у змӕлгӕ. Афтӕ ма куыстытӕ уагъд цӕуынц театры фойе ӕмӕ залты хӕрзарӕзтад, афтӕ ма ӕххуысы хатӕнты. Ханифов ма радзырдта, цахӕм уыдзӕн Театралон фӕзуаты быкаст дӕр.

"Фӕзуатыл ӕвӕрд уыдзӕн брусчаткӕ, бӕстыхайы алыварс уыдзӕн бирӕ бӕлӕстӕ, алцыдӕр уыдзӕн рӕсугъд, куыд фӕнд кодтам, афтӕ. Бындурон хъусдард здӕхт ныртӕккӕ ис фонтаны арӕзтадмӕ, кӕцы аив хуыз дӕтдзӕн фӕзуат ӕмӕ театрӕн", — загъта Татарстаны президенты ӕххуысгӕнӕг.

Паддзахадон драмон театры бӕстыхай арӕзт цӕуы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Йӕ арӕзтадӕн рахицӕн ӕрцыд 1 миллиард 270 милуан сомы. Йӕ фӕзуат у 6 000 квадратон метры.

Ног хабӕртты лентӕ
0