Хуссар Иры парламентаритӕ Донбассы ӕвзӕрстыты уыдзысты цӕстдарджытӕ

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæВыборы главы ДНР и депутатов Народного Совета республики
Выборы главы ДНР и депутатов Народного Совета республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бынӕттон ӕвзӕрстыты ауагъд Донбассы у Украинӕйы ӕрнывыл кӕныны бындурон этаптӕй иу, развӕлгъау хъӕлӕскӕнынад ӕвзӕрстыты уагъд ӕрцӕудзӕн 2 октябры.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламентаритӕ уыдзысты цӕстдарджытӕ ЛАР ӕмӕ ДАР-ы ӕвзӕрстагъоммӕ праймеризты, фехъусын кодтой Sputnik РХИ парламенты пресс-службӕйы.

Развӕлгъау ӕхсӕнадон хъӕлӕскӕнынад нывӕзтгонд у 2 октябрьмӕ. Уый суыдзӕн республикӕты горӕттӕ ӕмӕ районты сӕргълӕуджыты бынӕттон ӕвзӕрстытӕ ауадзыны цӕттӕгӕнӕн этап.

Александр Захарченко Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Захарченко: ДАР фидар кӕндзӕн Хуссар Ирыстонимӕ ахастытӕ

"Делегацийы иу хай ацӕудзӕн Луганскаг адӕмон республикӕмӕ, иннӕ хай та Донецкаг адӕмон республикӕмӕ. Парламенты делегацийы сӕргъ лӕууы Бибылты Анатолий. Парламентаритӕ, куыд ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕ, афтӕ райсдзысты хайад Хуссар Ирыстон цы республикӕты хӕдбардзинад банымадта, уыдон бынӕттон хӕдразамынады органты минӕвӕртты бынӕттӕм кандидатты ӕвзӕрстыты фӕдыл развӕлгъау хъӕлӕскӕнынады", — загътой пресс-службӕйы.

Минскаг бадзырдтӕм гӕсгӕ, бынӕттон ӕвзӕрстыты ауагъд Донбассы у Украинӕйы ӕрнывыл кӕныны бындурон этаптӕй иу.

ЛАР ӕмӕ ДАР-ы хицӕуттӕ фӕнд кодтой ауадзын ӕвзӕрстытӕ 2015 азы фӕззӕджы.

2015 азы октябры "нормандаг цыппары" (Франц, Германи, УФ ӕмӕ Украинӕ) Парижы фембӕлды фӕстӕ рӕспубликӕйы хицӕуттӕ сразы сты бынӕттон ӕвзӕрстытӕ аргъӕвын. Уыцы рӕстӕджы, Украинӕйы хицауад хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, Минскаг бадзырдты фӕдыл йӕхимӕ цы хӕстӕ райста, уыдон. Фӕлӕ уыцы домӕнтӕ ӕххӕст кӕй не ′рцыдысты, уый аххосагӕй ӕвзӕрстытӕ цалдӕр хатт ахастой. Ныр ДАР ӕмӕ ЛАР-ы ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 6 ноябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0