РХИ æмæ УФ-йы æхсæн арæны фӕдыл бадзырд бацыд йӕ тыхы

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæЗдание Министерства иностранных дел Российской Федерации
Здание Министерства иностранных дел Российской Федерации - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы парламенттӕ раздӕр сратификаци кодтой арӕны фӕдыл бадзырд, цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы федерацийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕдты минӕвӕрттӕ кӕрӕдзимӕ радтой ратификацион грамотӕтӕ.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Мурӕт ӕмӕ статс-секретарь, УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Григорий Карасин кӕрӕдзимӕ раттой дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн паддзахадон арӕны фӕдыл бадзырды ратификацийы тыххӕй грамотӕтӕ, дзырдӕуы УФ ФХМ-ы сайтыл.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ парламент сратификаци кодта УФ-имæ арæны фæдыл бадзырд

"Ныхасы рӕстӕджы уынаффӕ цыд дыууӕварсон ӕмгуыстады актуалон фарстытыл, Фӕскавказы стабилондзинад ӕмӕ ӕдасдзинады фарстыты фӕдыл Женеваг дискусситы радон раундыл", — дзырдӕуы ФХМ-ы хъусинаджы.

Джиоты Мурӕт ӕмӕ Григорий Карасин "кӕрӕдзимӕ радтой паддзахадон арӕны тыххӕй Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕн бадзырды ратификацийы фӕдыл грамотӕтӕ", уымӕ гӕсгӕ 2015 азы 18 февралы Мӕскуыйы цы бадзырд бафыст ӕрцыд, уый цыппӕрӕмы бацыд йӕ тыхы.

Бадзырд у бындурон документ, кӕцы бӕлвырд кӕны дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн паддзахадон арӕны хаххы цыд. Бадзырды сæйраг нысан у, хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон бæрæггæнæн раттын Бадзырдимæ ма ис картæ дæр, у йæ æнæфæцудгæ хай. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн Уæрæсеимæ демаркаци æмæ делимитацийы фæдыл къамис арæзт æрцыд 2012 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0