Хуссар Иры УУМ нысан кӕны йӕ сырӕзтыл 8 азы сӕххӕст

© Пресс-служба МЧС РЮОПостроение сотрудников МЧС РЮО
Построение сотрудников МЧС РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон ведомствӕ арӕзт ӕрцыд 2008 азы гуырдзиаг агрессийӕ дыууӕ мӕйы фӕстӕ. Ацы азты мидӕг уагдонӕн бантыст бирӕ саразын республикӕ ӕрдзон ӕмӕ техногенон бӕллӕхтӕй бахъахъхъӕныны фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ-ы хисӕрмагонд сконды ралӕууын кодтой министрады бӕстыхайы раз, йӕ сырӕзтыл аст азы кӕй сӕххӕст, уый цытӕн.

Цытджын ралӕуды, йӕхи уӕлдай хорз чи равдыста, уыцы кусджытӕн лӕвӕрд ӕрцыдысты ведомствӕйон хорзӕхтӕ. Кӕй схорзӕхджын кодтой, уыдон нымӕцы ис прапорщик Пухаты Джондо дӕр — уый фервӕзын кодта Зары хъӕуы минӕйыл спырхуӕвӕг цӕрӕджы.

Чочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Регинӕйы кусгæ бонтӕ: арт, дон ӕмӕ ӕрхуы трубӕтӕ

Ахӕм лӕггӕдты тыххӕй ма схорзӕхджын кодтой цалдӕр ирвӕзынгӕнӕджы дӕр, банысан ма кодтой сӕ архӕйдтытӕ зынгсирвӕзтты ныхмӕ тохты ӕмӕ ӕндӕр уӕлвӕткон уавӕрты рӕстӕджы.

Коллегӕтӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрцыд Донецкаг адӕмон республикӕйы УУМ-ы сӕргълӕууӕг инӕлар-майор Алексей Кострубицкий.

"Ирвӕзынгӕнӕджы професси у иууыл сабырадон, уыимӕ иумӕ сымах цардӕн ӕрвылбондӕр у тас. Ацы цыбыр ӕмгъуыдмӕ уӕ коллектив сбӕлвырд кодта, кӕй у цӕттӕ цыфӕнды хӕслӕвӕрд дӕр сӕххӕст кӕнынмӕ, уӕлвӕткон уавӕрты фӕстиуджытӕ иуварс ӕмӕ рагфӕдзӕхст кӕнынмӕ. Уӕ сӕйраг миниуӕг у цыфӕнды рӕстӕг дӕр адӕмӕн ӕххуысмӕ атындзын. Цы хӕст уӕм уыд, уый равдыста, иннӕ уагдӕттӕ цы ран сты ӕдых, уырдӕм ӕххуысмӕ ӕнӕмӕнгӕй ӕрцӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ", — загъта йӕ арфӕйы рӕстӕджы Кострубицкий.

Уый республикӕйы УУМ-ы сӕргълӕууӕг Санахъоты Сергей ӕмӕ йӕ хӕдивджытӕн радта ДАР УУМ-ы майдантӕ "Ирвӕзын кӕныны хъуыддагӕн ахъазы тыххӕй".

Ног хабӕртты лентӕ
0