Хуссар Ир бангом уыдзӕн проектмӕ "Хӕларады маяктӕ. Кавказы мӕсгуытӕ"

© Алана СабееваЮжная Осетия
Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг журналист Руслан Гусаров банхъардта Хуссар Ирыстонӕн проект "Хӕларады маяктӕ. Кавказы мӕсгуыты" хайад райсын. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм хъӕппӕрис банхъардзысты Абхазӕн дӕр.

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстон суыдзӕн проект "Хӕларады маяктӕ. Кавказы мӕсгуыты" хайадисӕг, кӕцыйы автор у зындгонд уӕрӕсейаг журналист Руслан Гусаров.

Президент Тыбылты Леонид фембӕлд журналистимӕ, афтӕ ма координацион совет "Афганистаны ветеранты уӕрӕсейаг цӕдис"-ы сӕргълӕууӕг Магамед Хадулаев ӕмӕ Дагестаны бильярдон спорты федерацийы президент Айдемир Алиевимӕ, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Тыбылты Леонид зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Гусаров цы стыр хайбавӕрд бахаста 2008 азы августы информацион блокадӕ атоныны хъуыддагмӕ ӕмӕ банысан кодта, уый Хуссар Ирыстоны кӕй никуы уыдзӕн рох.

Китайские туроператоры в Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсӕз ӕнусы фӕстӕ китайӕгтӕ ӕрӕздӕхдзысты Ирыстонмӕ Стыр зӕлдаг фӕндагыл

Журналист радзырдта йӕ проекты тыххӕй, кӕцы ныридӕгӕн реализаци цӕуы Цӕгат Кавказы республикӕтӕй цалдӕры.

"Фӕндыд мӕ ахӕм проект саразын, кӕцы фидардӕр кодтаид хӕларад Кавказы. Йӕ нысан у историкон-культурон бынтӕ бахъахъхъӕнын, ӕхсӕнадӕмон бастдзинӕдтӕ ӕмӕ фӕсивӕды ӕхсӕн халарад сфидар кӕнын. Фарон мах равзӕрстам дыууӕ республикӕйы, кӕцыты ӕхсӕн ма ӕрӕджыдӕр уыд вазыгджын ахастытӕ. Мӕхъӕл ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдӕн ацы проект дӕтты фадат сыхӕг республикӕйы тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ ацы проекты официалон сайтыл цы боныгтӕ мыхуыр ис, уыдон руаджы мах фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнӕм нӕ проекты тыххӕй», — загъта Гусаров.

Уый ма банысан кодта, проекты авторты кӕй фӕнды хъусдард аздахын Цӕгат Кавказы фенддагдӕр бынӕттӕм, куыд туризмы объекттӕм.

"Уый уыд пилотон проект, кӕцыйы фӕлгӕтты ӕрыгон активисттӕ арвыстой Мӕскуыйы 12 боны, архитектурон бынты объекттыл реставрацион куыстыты хайад исгӕйӕ — Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Мӕхъӕлы мыггаджы мӕсгуыты. Мах тырныдтам, цӕмӕй нӕ хайадисджытӕ феной, Кавказы кӕй у ӕдас ӕмӕ ӕнцонвадат. Проект фӕуӕрӕхдӕр уыдзӕн ӕмӕ адарддӕр кӕндзӕн йӕ куыст. Мах бафӕлвардзыстӕм проект фӕуӕрӕхдӕр кӕнын — Дербентӕй Сочийы онг", — радзырдта журналист.

Уый бахаста фӕндон, цӕмӕй Хуссар Ирыстон дӕр райса хайад проект "Хӕларады маяктӕ. Кавказы мӕсгуыты". Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм хъӕппӕрис банхъардзысты Абхазӕн дӕр.

Дменисы фидар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дменисы фидар. Зындгонд ӕнӕиртӕст гӕнах

Гусаров радзырдта нывӕзтты тыххӕй ӕмӕ президентмӕ бавдыста хыгъдон ӕрмӕг, кӕцы ӕрцыд арӕзт "Хӕларады маяктӕ. Кавказы мӕсгуыты" фыццаг проекты реализацийы фӕстӕ.

Тыбылты Леонид хорзыл банымадта Гусаровы хъӕппӕрис ӕмӕ ныридӕгӕн радта цалдӕр хӕслӕвӕрд культурӕйы министрадӕн.

"Ӕцӕг, ныхас фылдӕр цыд нӕ архитектурон цыртдзӕвӕнты реставрацийы тыххӕй. Уыдон сты аргъуантӕ, мыггаджы мӕсгуытӕ. Ӕмӕ уӕ хъӕппӕрисӕн та ацы проектмӕ фылдӕр фӕсивӕд ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр регионтӕй ӕрбангом кӕныны фӕдыл уыдзӕн ӕввӕрццаг нысаниуӕг нӕ адӕмты ӕхсӕн хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕныны хъуыддаджы", — загъта президент.

Проект "Хӕларады маяктӕ. Кавказы мӕсгуыты" партнертӕ сты Цӕгаткавказаг федералон зылды УФ президенты ӕххӕстбарджын минӕвары аппарат ӕмӕ Мӕскуыйаг кавказаг клуб.

Ног хабӕртты лентӕ
0