Гуырдзыстойнаг арӕнсӕттӕджы ныхмӕ баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг

© Sputnik / Наталья АйриянГраница
Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
29-аздзыд гуырдзыстойнаг ӕмбӕстаджы дыккаг хатт ӕрцахстой Хуссар Ирыстоны арӕн фехалыны тыххӕй. Раздӕр уый ныхмӕ баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг сырх еугӕфы контрабандӕйы тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы, кӕцы фехӕлдта Хуссар Ирыстоны арӕн. Равзӕрсты рӕстӕджы фӕбӕрӕг, Гуры районы Плауы хъӕуы 29-аздзыд цӕрӕг Георгий Цицаги дыккаг хатт ӕнӕзакъононӕй рахызт Хуссар Ирыстоны арӕныл, фехъусын кодтой Sputnik ПӔК-ы пресс-службӕйы.


Арӕнсӕттӕджы ӕрцахстой ацӕугӕ улӕфт бонты Цхинвалы районы Арцеуы хъӕуы оперативон-агурӕн мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы.

"Арӕнсӕттӕджы ныхмӕ Цхинвалы районон тӕрхондон бакодта уголовон хъуыддаг "Паддзахадон арӕныл ӕнӕзакъононӕй рахызт"- ы тыххӕй.Фӕдагуырд сбӕлвырд кодта, аналогон фӕткхалды тыххӕй ма Цицагийы ныхмӕ раздӕр дӕр баконд кӕй ӕрцыд уголовон хъуыддаг ӕмӕ йын скъуыддзаг ӕрцыд 1, 5 азы дзырдӕй ", — загътой пресс-службӕйы.


Фыццаг хатт Цицагийы Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой Гуырдзыстонмӕ сырх еугӕфы парти ӕмӕ хъацӕнтӕ контрабандӕйы тыххӕй. Фӕткхалӕджы ӕрцахстой цауы бынаты Арцеуы хъӕуы.

Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой 80 кг сырх еугæф æмæ дыргъбæлæстæн хъацæнты 40 къопп 120 литры бӕрц.
Цицагийӕн рахастӕуыд дзырдӕй тӕрхон фӕлварӕн ӕмгъуыдимӕ ӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыд Гуырзыстоны барадхъахъхъӕнӕн органтӕм, байсгӕ уаргъ та, Цхинвалы районон тӕрхондоны скъуыддзагмӕ гӕсгӕ лӕвӕрд ӕрцыд паддзахадон исбонадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0