2008 азы августы хӕсты тыххӕй сисдзысты фильм "Хъайтарты уынгтӕ"

© фото из архива Л.ПарастаевойХуссар Ирыстоны 2008 азы августы хӕст
Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы истори у уый тыххӕй, хуссарирыстойнаг лӕппутӕ куыд растадысты знагӕй Хуссар Ирыстон бахъахъхъӕнынмӕ ӕнӕмсӕр тохы ӕмӕ сӕ удтӕ радтой райгуырӕн зӕххы сӕрибардзинады сӕрвӕлтау, дзурынц автортӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Козаты Дианӕ. Фильмты студи "Farn Movie" канал "Иудзинад"-ы ӕххуысӕй райдыдта куыст конопроектыл "Хъайтарты уынгтӕ", киноныв рацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хӕстыл 10 азы сӕххӕсты бонмӕ.

Проекты автортӕ сты "Farn Movie"-йы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дыгъуызты Алан ӕмӕ "Иудзинад"-ы бындурӕвӕрӕг Кӕсойты Алан. Уыдон фӕнд кӕнынц Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хӕстыл 10 азы сӕххӕсты бонмӕ аивадон фильм сисын.

"Ацы истори у уый тыххӕй, хуымӕтӕг ирон лӕппутӕ ӕнӕрахъуыды-бахъуыдыйӕ куыд растадысты сӕ райгуырӕн зӕхх бахъахъхъӕнынмӕ ӕнӕмсӕр тохы ӕмӕ сӕ удтӕ куыд радтой райгуырӕн зӕххы сӕрибардзинады сӕрвӕлтау", —загъта Sputnik Кӕсойты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сфӕлдыстадон тандем цы ног проект — "Хъайтарты уынгтӕ" ӕрхъуыды кодта, уый у бынтон ӕндӕр куысты ӕмвӕзад, автортӕ бафӕлвӕрдтой сӕ рагон аивадон бӕллицц сӕххӕст кӕнын — Ирыстоны нырыккон историйы заманыл ног гъӕдджын фильм сисын.

Алан Догузов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгъуызы Аланы "Фæсайдзæ — амæлдзæ" райста кинофестиваль "Созвездие"-йы диплом

"Нӕ сфӕлдыстадон къордӕн ис фӕлтӕрддзинад ӕмӕ нӕ куыстытӕн скодтой аргъ, ис зӕгъӕн ӕмӕ стӕм нӕ сфӕлдыстадон ӕмӕ кондадон тӕмӕны ӕмӕ цӕттӕ стӕм нырыккон фильмтӕ аразынмӕ, Ирыстоны кинойы историйы ног фарс бакӕнын",- банысан кодта уый.

"Farn Movie" ӕмӕ "Иудзинад"-ы сфӕлдыстадон цӕдис ӕмгуыстад кӕны ныр ӕртӕ азы. Сӕ фыццаг иумӕйаг куыст — 2014 азы ист цыбырметражон фильм "Воскресенье", райста кинофестиваль "Золотой феникс"-ы жюрийы сӕрмагонд приз, ӕхсӕнадӕмон кинофестиваль "ДетективFEST"-ы диплом, Карловы Варыйы ӕхсӕнадӕмон фестивалы Гран-при.
Дыууӕ кинойы энтузиастты иумӕйаг сфӕлдыстадон фӕндаг радта фадат сӕ профессионалон рӕзт ӕмӕ фӕлтӕрддзинадӕн, се ′мгуыстады дарддӕры ӕнтыстджын райрӕзтӕн, кӕцы ныры этапыл у тынг ахсджиаг Ирыстоны.

Логотип фильма - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгъуызты Алан: фильм "Бача" у уӕззау хъуысмӕтимӕ адӕймаджы истори

Дыууӕ Аланы сфӕлдыстадон дуэты алы куыст дӕр свӕййы ирд цау авторон нывӕфтыд кинойы дунейы. Уӕлдай хъусдард аздахын хъӕуы, автортӕ ӕмбӕлонӕй кӕй хъахъхъӕнынц Ирыстоны кад Уӕрӕсейы дӕр ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл дӕр, уыимӕ иумӕ сын карз конкурентон тохы кинойы дӕснытӕ ӕмӕ кӕсджытӕ скодтой бӕрзонд аргъ.

Кӕсойты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Farn Movie" ӕмӕ "Иудзинад"-ы сфӕлдыстадон цӕдисимӕ ӕмгуыстад кӕнын цӕттӕ сты Уӕрӕсе ӕмӕ Европӕйы студитӕ ӕмӕ партнертӕ, къорды нывӕзттӕ та ӕрмӕст фильмтӕ уадзыныл нӕ хъӕцынц.

"Перспективӕйы цӕттӕ кӕнӕм "Академия кино" саразын ӕмӕ телеуынынадон форматы фильмтӕ уадзын. Нӕ сфӕлдыстадон нывӕзттӕ сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы нӕ ӕрмӕст кинойы бӕрзонд специалистты ӕмӕ киноиндустрийы дӕсныты ныфс нӕй, фӕлӕ ма уыцы Ирыстоны патриоттӕ, меценаттӕй, кӕцытӕ ӕмбарынц Ирыстоны ныры вазыгджын историйы ахсджиаг кӕй у ахӕм аивады хуыз, куыд кино", — загъта Кӕсойты Алан.

Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын.

Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы — уый ӕддӕмӕ ахӕцыд гуырдзиаг ӕфсадыл, дыуӕ къуырийы фӕстӕ та Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0