Президент Тыбылты Леонид бакодта тренажерон зал Цхинвалы

© Sputnik / Наталья БосиковаПрезидент Леонид Тибилов проверяет спортзал
Президент Леонид Тибилов проверяет спортзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гаглойты Хазбийы (раздӕры Тельманы) уынгыл ӕвӕрд тренажерон зал кусы дӕс азы бӕрц. Ныр президентон фонды фӕрӕзтӕй зал баххӕст кодтой нырыккон ифтонггарзӕй.

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны столицӕйы алы районы фӕсивӕд дӕр ифтонг сты спортивон залтӕй, загъта президент Тыбылты Леонид ӕртыццӕджы ног сцалцӕггонд тренажерон зал ӕрбайгом кӕныны церемонийы рӕстӕджы.

Гобозты Эльбрусы тренажерон зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уавӕрты фыдӕнӕн

РХИ президенты хъӕппӕрисӕй азы райдианӕй фӕстӕмӕ социалон программӕ "Спорт в шаговой доступности"-йы фӕлгӕтты, Цхинвалы алы къуымты цалцӕг ӕмӕ хӕрзарӕзт ӕрцыдысты спортивон залтӕ.

"Фӕсивӕд хъуамӕ уа пайдаджын куыстыл хӕст. Техникон фарстытӕ скъуыддзаг кӕныны хъуыддаджы уын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, баххуыс кӕндзыстӕм. Ирыстон кӕддӕриддӕр сӕрыстыр уыд йӕ спортсментӕй. Чи зоны ӕмӕ абон залы ацы сывӕллӕтты ӕхсӕн ис фидӕны олимпиаг чемпионтӕ, кӕцытӕ схиздзысты спорты бӕрзӕндтӕм", — загъта президент, спортзалмӕ чи цӕуы, уыцы фӕсивӕдӕн.

Гаглойты Хазбийы (раздӕры Тельманы) уынгыл ӕвӕрд тренажерон зал кусы дӕс азы бӕрц. Ныр президентон фонды фӕрӕзтӕй зал баххӕст кодтой нырыккон ифтонггарзӕй.

Спортзалмӕ фадат ис цӕуын бынтон ӕнӕаргъӕй, ӕнӕниз цардуагыл хӕст адӕмы хъӕудзӕн фидын символикон аргъ ӕрмӕстдӕр бӕстыхай ӕфснайыны тыххӕй.

© Sputnik / Наталья БосиковаПрезидентон фонды фӕрӕзтӕй зал баххӕст кодтой нырыккон ифтонггарзӕй
Президент Леонид Тибилов проверяет спортзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президентон фонды фӕрӕзтӕй зал баххӕст кодтой нырыккон ифтонггарзӕй

Паддзахады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм спортзалты бакондӕн ис ахсджиаг нысаниуӕг фӕсивӕды хсӕн ӕмӕ ныфс бавӕрдта коллективӕн, залы ма цы техникон фарстытӕ баззад, уыдон скъуыддзаг кӕй ӕрцӕудзысты.

Программӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ хицӕн цӕуынц президентон резервон фондӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0