Фыццаг хуссарирыстойнаг скъола банысан кодта йæ 170 азы юбилей

© Sputnik / Плиты ФатимаДзауы скъолайы юбилей
Дзауы скъолайы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзауы Хетæгкаты Къостайы номыл скъола йæ юбилейы райста лæвæрттæ, арфæтæ æмæ бæрзонд паддзахадон хорзæхтæ -республикæйы фыццаг министрадон скъолайæн лæвæрд æрцыд бæстæйы уæлдæр хорзæх - "Кады орден".

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фыццаг министрадон скъола — Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъола цыппæрæмы цытджын уавæры банысан кодта йæ 170 азы юбилей.

Дзауы районы скъола уыд Хуссар Иры ахуырады фыццаг артдзæст. Фæзынд аргъуаны бындурыл ныры скъоламæ хæстæг, конд уыд дыууæ хатæнæй, ахуыргæнæг уыд динамонæг.

Бӕрӕгбонон мадзалмӕ ӕрбацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад, ацы ахуырадон уагдоны рауагъдонтӕ, районы цӕрджытӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимаДзауы скъолайы юбилей
Дзауы скъолайы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы скъолайы юбилей

Уыдон ахуыргæнæг Хъоцыты Роза базонгӕ кодта скъолайы историимӕ ӕмӕ банысан кодта, 170 азы дӕргъы ацы уагдон республикӕйӕн кӕй балӕвар кодта бирӕ номдзыд адӕмы.

"Скъолай сырæзтыл тынг архайдтой хъӕуы цӕрджытӕ Санахъоты Бига æмæ Тедеты Петр, уыдон сæ зæххытӕй рахицæн кодтой фадыг скъолайы бынатæн æмæ уым дурӕй амад æрцыд скъола. Фæстæдæр дзы сарæзтой æхсæвиуат кæныны бынат æмæ дзы ахуырмæ цыдысты æндæр хъӕутæй дæр. Кæд 170 азы размæ скъоладзауты нымæц чысыл уыд, уæддæр ын стыр нысаниуæг уыд Хуссар Иры рухсады райрæзтӕн", — радзырдта Хъоцыты Роза.

Уый ма банысан кодта, фыццаг хуссарирыстойнаг скъола 170 азмӕ кӕй рацыд куыд йӕ размæцыды, афтӕ раууаты фæндæгтыл дӕр.

Старый новый Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кӕд ӕмӕ кӕм фӕзынд фыццаг скъола Хуссар Иры

Ивгъуыд æнусы 80-ӕм æзты ацы скъолайы ном нæрыд ӕппӕт Хуссар Иры, хорз цыд ахуыры процесс, йæ ахуыргæнинæгты нымæц та хызт минæй. Фæлæ 90-ӕм æзты зæххӕнкъуысты рӕстӕджы агъуыст зæххимæ сраст. Уый фæстæ скъола уæвынад кодта вагæтты. 2000 азы австриаг фирмæ сарæзта скъолайы ног бæстыхай.

"Ныридæгæн та Дзауы скъола ногæй йæ къахыл слæууыд, нæ рауагъдонтæ фидар зонындзинæдты фæрцы ссисты Уӕрӕсейы хуыздæр ахуыргæнæндæтты студенттæ. Ахуыргæнинæгты нымæц ахызт 230, ацы аз райстам дыууæ къласы", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм ахуыргӕнӕг.

Юбилейы цытæн скъола райста лæвæрттæ президент Тыбылты Леонид, парламенты сæрдар Бибылты Анатолий, ахуырады министр Гасситы Наталийæ. Скъола бацис телескоп, химийы кабинет æмæ æндæр ифтонгады хицау.

Къорд ахуыргæнæджы та сбуц кодтой паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæй — сгуыхт ахуыргæнджы, ахуырады кадджын кусæджы нæмттæ ӕмӕ кады грамотӕтæй.

© Sputnik / Плиты ФатимаДзауы скъолайы юбилей
Дзауы скъолайы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы скъолайы юбилей

Дзауы районы къухдариуæгад та йæ хорзæхтæй рахицæн кодта ахуырады фадыджы ветеранты — скъолайы раздæры ахуыргæнджыты.

Дзауы скъола сӕрыстыр кӕмӕй у, уыцы рауагъдонты нымӕцы сты фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурӕт, президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ, Хуссарирстойнаг историон зонады бындурæвæрæг Уанеты Захар, булкъон Тедеты Зелимхан æмæ æндæртæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0