Хуссар Иры Фиддонон кодексы дыккаг хай йӕ тыхы бацӕудзӕн 2018 азӕй

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæЗдание Комитета по налогам и сборам Республики Южная Осетия в Цхинвале
Здание Комитета по налогам и сборам Республики Южная Осетия в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фиддонон кодексы дыккаг хай хъуамӕ райдыдтаид архайын иннӕ аз январӕй. Фӕлӕ депутатты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕн арӕзт не ‘рцыдысты ӕмбӕлон уавӕртӕ.

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент сразы Республикӕйы Фиддонон кодексы дыккаг хай йӕ тыхы бацӕуыны фӕдыл законмӕ барастгӕнинӕгтыл, уыдонмӕ гӕсгӕ кодексы тыхы бацыд иргъӕвд ӕрцыд 2018 азы февральмӕ.

Фиддонон кодексы дыккаг хай хъуамӕ райдыдтаид архайын иннӕ аз январӕй. Фӕлӕ депутатты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕн арӕзт не ‘рцыдысты ӕмбӕлон уавӕртӕ.

Хицауады сӕрдар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Премьер-министр: разы нӕ дӕн парламент хицауады куыстӕн цы аргъ скодта, уыимӕ

"Республикӕйы нӕ фӕфылдӕр куыстмызд, адӕмӕн сӕ фӕрныгад нӕ фӕхуыздӕр. Цӕуы нӕм бирӕ куырдиӕттӕ амалиуӕггӕнджытӕй, уымӕ гӕсгӕ мах нымайӕм, кӕй хъӕуы аргъӕвын Кодексы дыккаг хайы архайд йӕ тыхы бацыды ӕмгъуыд", — загъта парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Фиддонтӕ ӕмӕ бюджеты фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Жаннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, законы фыццаг хайы райстыл дӕр амалиууӕггӕнджытӕ ӕмӕ цӕрджытӕ сӕмбӕлдысты стыр нӕразыдзинадимӕ.

"Мах нымайӕм, 2017 азы январӕй кодексы дыккаг хайы архайд уӕззау уаргъ кӕй суыдзӕн амалиуӕггӕнджытӕн, уымӕ гӕсгӕ банхъардтам закон йӕ тыхы бацыды ӕгъуыд аргъӕвын 2018 азы январьмӕ", — банысан кодта депутат.

Парламентаритӕ ацы барастгӕнинӕгтӕ банымадтой хорзыл.

Ацы аз январы йӕ тыхы бацыд Хуссар Ирыстоны ног Фиддонон кодекс. Раздӕры кодекс райст ӕрцыд 1992 азы ӕмӕ дзуапп нал дӕтта нырыккон домӕнтӕн. Фыццаг хайы дзырд цӕуы хъалонфидæг адӕмы бартӕ ӕмӕ хӕстыл, дыккаг хайы та — фиддонты хуызтӕ ӕмӕ сӕ фидыны уагӕвӕрдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0