Эксперт: Мӕскуы не сразы уыдзӕн Кокойты Эдуарды кандидатурӕимӕ Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстыты

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæМосква
Москва - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуы скӕндзӕн кӕрон Хуссар Ирыстонӕн финансон ӕххуысӕн, кӕд ӕмӕ Кокойты Эдуард ӕрӕздӕха республикӕйы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ, фехъусын кодта Андрей Чеснаков.

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Мӕскуы нӕ балӕудзӕн Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуарды кандидатурӕйы фарс, кӕд уый сфӕнд кӕна йӕ кандидатурӕ раразмӕ кӕнын 2017 азы республикӕйы президентон ӕвзӕрстыты, фехъусын кодта политикон конъюнктурӕйы Центры директор Алексей Чеснаков.

Хуссар Ирыстоны дзыллӕйад ӕмӕ эксперттӕ уынаффӕ кӕнынц раздӕры президент Кокойты Эдуарды ӕрбаздӕхты фадатыл республикӕйы политикон аренӕмӕ.

Андрей Чеснаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Кокойты Эдуарды рӕстӕджыты ӕрӕмбырд бирӕ фарстатӕ, куыд политикон, афтӕ финансон.

"Республикӕйы ныртӕккӕ хъӕуы размӕ цӕуын, дӕс аз фӕстӕмӕ къахдзӕфтӕ нӕ, фӕлӕ. Политикӕмӕ ӕрбаздӕхыны фӕдыл Кокойты Эдуарды фидиуӕнтӕн ӕмбӕрст цӕуынц, куыд республикӕйы уавӕр дестабилизаци кӕныны афӕлвӕрдтӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕрбаздӕхтӕн хицауадмӕ ницы барадон механизмтӕ ис. Мӕскуыйӕн ницы иумӕйаг хъуыддаг уыдзӕн Кокойты Эдуардимӕ", — фехъусын кодта эксперт.

Уый банысан кодта, Кокойты Эдуардимӕ республикӕйӕн ӕхгӕд кӕй ӕрцӕудзӕн финанскӕнынад. Уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы Уӕрӕсе цы ӕхца фервыста Хуссар Ирыстонмӕ йӕ сӕндидзын кӕнын ӕмӕ райрӕзты тыххӕй, уыдоны хуыснӕгдзинад райста уӕрӕх масштабтӕ.

Эксперт у ӕнӕдызӕрдыг Кокойты Эдуарды ӕрбӕздӕхты рӕстӕджы, Уӕрӕсе кӕрон кӕй скӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн финансон ӕххуысӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0