Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы МХМ координацион центры сӕргъ ӕрлӕууыд Козаты Александр

© Sputnik / Пресс-служба МВДНазначение директора ИКЦ
Назначение директора ИКЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Информацион-координацион центры директоры официалон ӕгъдауӕй базонгӕ кодтой Хуссар Ирыстоны МХМ-ы къухдариуӕгады фембӕлды рӕстӕджы Уӕрӕсейы МХМ-ы минӕвӕрттимӕ.

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Мидхъуыддӕгты органты иумӕйаг уӕрӕсейаг- хуссарирыстойнаг информацион-координацион центры сӕргъ ӕрлӕууыд Хуссар Ирыстоны МХМ-ы милицийы булкъон Козаты Александр, фехъусын кодтой Sputnik МХМ-ы пресс-службӕйы.

Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстон ацы аз июлы сарӕзтой иумӕйаг информацион-координацион центр (ИКЦ). Центры хӕслӕвӕрдтӕ сты — оперативон-нысаниуӕгджын информаци дих кӕнын, дыууӕ бӕстӕты территорийыл фыдракӕндтӕ чи сарӕзта, уыцы адӕмы агуырд, организацигонд фыдгӕнон къордты тыххӕй сӕрмагонд базӕты сырӕзт ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

"Информацион-координацион центры директоры официалон ӕгъдауӕй базонгӕ кодтой Хуссар Ирыстоны МХМ-ы къухдариуӕгады фембӕлды рӕстӕджы Уӕрӕсейы МХМ-ы минӕвӕрттимӕ. Центры директорӕй нысангонд ӕрцыд РХИ МХМ-ы милицийы булкъон Козаты Александр Сосойы фырт", — загътой МХМ-ы.

Уагдоны банысон кодтой информацион-координацион центры бындурон сконды кӕй уыдзысты хуссарирыстойнаг милицийы кусджытӕ.

РХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ ӕмӕ УФ Мидхъуыддӕгты министрӕдтӕ сарӕзтой информацион-координацион центр

"Центры сырӕзт фӕахъаз уыдзӕн фыдракӕндты ныхмӕ тохы барадхъахъхъӕнӕн органты ӕмгуыстады ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнын, куыд Хуссар Ирыстоны, афтӕ Уӕрӕсейы территорийыл дӕр", — бафтыдтой пресс-службӕйы.

Мидхъуыддӕгты органты Козаты Александр кусы 1993 азӕй фӕстӕмӕ. Куыста ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты, уый нымӕцы — Экономикон фыдракӕндтимӕ тохы фӕдыл управленийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕгӕй ӕмӕ терроризм ӕмӕ экстремизмимӕ тохы фӕдыл хайады гӕсӕй. 2016 мартӕй фӕстӕмӕ ис МХМ криминалон милицийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕджы бынаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0