ӔХК рабадты ӕрдзурдзысты 2017 азы Хуссар Ирӕн финансон ӕххуысыл

© Sputnik / Алексей Ковалевправительство
правительство - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æхсæнхицауадон къамисы рабадты боны фӕткмӕ хаст ӕрцыдысты 2016 ӕмӕ 2017 азты Хуссар Ирыстонӕн финансон ӕххуыс бакӕныны ӕмӕ Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстытӕ.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстонӕн 2016-2017 ӕзты Уӕрӕсейы ӕрдыгӕй финансон ӕххуыс бакӕныны фарстытыл уынаффӕ цӕудзӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ӕхсæнхицауадон къамисы (ӔХК) рабадты.

Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милицийы кусджыты мызд ӕрбалæугæ азы фœфылдœр уыдзœн 20%

ӔХК рабадт уагъд ӕрцӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы майрӕмбоны. Хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргъ уыдзӕн РХИ хицауады сӕрдар Хъуылымбегты Доменти, уӕрӕсейаг делегацийы та — УФ премьер-министры хӕдивӕг Александр Хлопонин.

"Боны фӕткмӕ хаст ӕрцыдысты 2016 ӕмӕ 2017 азты Хуссар Ирыстонӕн финансон ӕххуыс бакӕныны фарстытӕ. Афтӕ ма рабадты хайадисджытӕ ӕрдзурдзысты ныры Инвестпрограммӕйы реализацийыл", — хъусын кӕны РХИ хицауады пресс-службӕ.

УФ æмæ РХИ æхсæнхицауадон къамис архайы 2010 азæй. Рабадтыты, кӕцытӕ уагъд цæуынц аз дыууæ хатты Цхинвал æмæ Мæскуыйы радгай, фӕуынаффæ кæнынц республикæйы социалон-экономикон райрæзты фарстытыл. Фӕстаг фембӕлдтӕй иуы фӕстиуӕг ссис 2015-2017 ӕзты инвестпрограммӕйы бафыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0