Цхинвалы райдыдта ногазон хъомпал

© Sputnik / Алексей КовалевНовогодний рынок
Новогодний рынок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ӕрбайгом ногазон армукъа, нырма адӕм активонӕй не ′лхӕнынц хъазӕнтӕ, фӕлӕ бирӕнымӕц цатыртӕ хъазӕнтимӕ лӕвар кӕнынц бӕрӕгбонон равг.

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Хъотайты Мария. Абонӕй райдайгӕйӕ суанг мӕйы кӕроны онг республикӕйы цӕрджытӕн уыдзӕн фадат ногазон хъазӕнтӕ балхӕнын сӕйраг ногазон символӕн. Горӕты чысыл базары раз ӕрбайгом наз бӕлӕсты базар. Хъулон-мулон цатыртӕ алыгъуызон цӕхӕркалгӕ хъазӕнтӕ ӕмӕ гирляндӕтимӕ сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой фӕндаггӕрон ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц фӕлхасгӕнджытӕм.

Новогодняя ель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир Ног азы баулæфдзæн 9 боны

Ног азы къӕсӕрыл базарадон цатыртӕ йемыдзаг сты Ног азы символ — Уасӕджы алыгъуызон фигурӕтӕй.

Базаргӕнджытӕм ис тымбылӕгтӕ, гирляндӕтӕ ӕмӕ наз бӕлӕстӕ фӕлхасгӕнӕджы цыфӕнды бюджетӕн дӕр. Иуыл асламдӕр тымбылӕджы аргъ у 40 сомы. Стырдӕр тымбӕлӕгты аргъ та у 80-100 сомы. Иууыл зынаргъдӕр ногазон авгӕй тымбылӕгтӕ та сты 350 сомы. Ногазон аразгӕ бӕлӕстӕ ралӕууыдысты рӕгъ-рӕгъӕй, цыма парады хъуамӕ рацӕуой. Иууыл ныллӕг ногазон бӕласы аргъ у 700 — 1000 сомы. Бӕрзонддӕр наз бӕлӕсты аргъ та 2500 сомӕй хӕццӕ кӕны 7 000 соммӕ. Царты цурты тезгъо кӕнынц фӕлхасгӕнджытӕ, кӕцытӕ нырма нӕ тагъд кӕнынц ногазон бӕлӕстӕ ӕмӕ хъазӕнтӕ ӕлхӕнын.

Цхинвалы цӕрӕг Тедеты Маринӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, нырма раджы у хъазӕнтӕ ӕлхӕнын.

"Ног азмӕ нырма ис 10 боны. Хъазӕнтӕ ӕмӕ гирляндӕтӕ нырма ӕгӕр занаргъ сты. Ногазон хъазӕнтӕ пайдаджындӕр у бӕрӕгбоны хӕдразмӕ ӕлхӕнын, амалиуӕггӕнджытӕ куы райдайдзысты асламдӕр кӕнын сӕ базайраг", — нымайы сылгоймаг.

Амалиуӕггӕнджытӕ нхъӕлмӕ кӕсынц. Фӕлхасгӕнджытӕ кӕд фӕуыдзысты хъазӕнты рауын-бауын ӕмӕ кӕд райдайдзысты ӕлгӕнын. Иууыл стырдӕр ажиотаж ӕлхӕнинӕгтимӕ вӕййы Ног азӕй цалдӕр боны размӕ.

Ёлкадоброты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik райдыдта ногазагъоммæ акци "Хæлардзинады наз"

Иууыл тынгдӕр ногазон базарыл цин кӕнынц скъоладзаутӕ. Чысыл сабитӕ рахӕц-бахӕц кӕнынц сӕ мӕдты фӕдджитыл, исты алӕмӕттаг хъайтары маскӕ балхӕныны домӕнимӕ.

Сӕйраг горӕттаг армукъайӕ дарддӕр ма, ногазон хъазӕнтӕ, Митын Дадатӕ ӕмӕ Чызджытӕ. Афтӕ ма аразгӕ наз бӕлӕстӕ балхӕнӕн ис дуканиты дӕр. Ам ногазон бӕлӕсты аргъ хизы 15 мины онг. Нырма армукъайы нӕй удыгас наз бӕлӕстӕ. Уыдон райдайдзысты уӕй кӕнын сӕйраг бӕрӕбонӕй цалдӕр бон раздӕр. Ногазон армукъа адарддӕр уыдзӕн 31 декабры онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0