Сабиты ногазон аргъаумӕ хоны Хуссар Иры театр

© Sputnik / Алексей КовалевСпектакль 16 лет
Спектакль 16 лет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аргъауы премьерæ ацыд æртыццæджы æмæ йӕ, режиссеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, чысыл кæсджытæ растой хорз.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Ногазон аргъау "Ӕмбæлттæ" сценӕйыл сӕвӕрдта Хуссар Иры паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг, режиссер Дзудцаты Тамерлан. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, театры репертуары чысыл нымæц аргъæуттæй сабитæн æнæуынд ницы баззад, уымӕ гӕсгӕ труппӕ сфӕнд кодта ацы Ног азмӕ сывӕллӕтты ног аргъауӕй барӕвдауын.

"Уый у нӕ ногазон лæвар сывæлæттæн. Аргъауы сырдты хъæрмуд ахастыты цъæмæл кæны сау халон, фæлæ спектаклы кæрон фæуæлахиз ис хæлардзинад", — загъта режиссер.

Аргъауы премьерæ ацыд æртыццæджы æмæ йӕ, режиссеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, чысыл кæсджытæ растой хорз. Радон равдысттӕ уагъд ӕрцӕудзысты 3, 4 æмæ 5 январы. Архайыц дзы артисттæ Къуезерты Фатима, Гуыцмæзты Галина, Дыгъуызты Ирэна æмæ Гобозты Инал.

Дзудцаты Тамерлан ма банысан кодта, ӕввахс рӕстӕджы ма театры сценæйыл кӕй фæзындзæн Тъехты Василийы уацмысмæ гæсгæ æвæрд аргъау "Тæрхъусы амонд".

Ног хабӕртты лентӕ
0