Хуссар Ирыстон ӕрӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн ногазон бӕрӕгбӕтты

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæПограничный пост границы Республики Южная Осетия
Пограничный пост границы  Республики Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстонимӕ арӕн ӕрӕхгӕндзысты, Ног азы размӕ ӕдасдзинады мадзӕлттӕ кӕй фӕкарздӕр кодтой, уый тыххӕй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны ПӔК-ы.

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕрӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн 31 декабры ӕхсӕв, фехъусын кодтой Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.

Министерство внутренних дел мвд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног азы фӕтк хъахъхъӕндзысты Хуссар Иры милицийы 600 кусӕджы

Ведомствӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ахӕм скъуыддзаг райст ӕрцыд Ног азы размӕ ӕдасдзинады мадзӕлттӕ фӕкарздӕр кӕныны нысанӕн. Арӕн ӕрцӕудзӕн ӕхгӕд 31 декабры 7.00 сахатӕй. Уадзӕн пункттӕ ӕрвылбонон режимы скусдзысты 1 январы 7.00 сахатыл.

Уымӕй дарддӕр ма Хуссар Иры МХМ-ы кусджытӕ ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕгмӕ рахиздзысты службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. МХМ-ы пресс-службӕйы банысан кодтой, ӕхсӕнадон уагӕвӕрдмӕ сӕ хъус кӕй дардзысты уагдоны 600 кусӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0