Цӕрӕнуат, фӕндӕгтӕ ӕмӕ медицинон уагдӕтты арӕзтад бацыдысты 2017 азы Инвестпрограммӕмӕ

© Sputnik / Ада БагианСтроящееся здание школы в Квайса
Строящееся здание школы в Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 2017 азы адарддӕр цӕрӕнуат, университет ӕмӕ гуырӕн хӕдзары арӕзтад, райдайдзӕн ног микрорайоны, рӕуджыты низы ныхмӕ диспансер ӕмӕ столицӕйы уынгты цалцӕг.

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. 2017 азы Инвестпрограммӕмӕ бахаст ӕрцыд 14 мадзалы реализаци, фондз уыдонӕй райдыдтой аразын фарон, загътой Sputnik Арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Ацы аз Хуссар Ирыстоны кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн ӕртӕазон Инвестпрограммӕйы фӕстаг этап, кӕцы райстӕуыд 2014 азы. Йӕ реализацийӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн ӕрцыд фараст милиард сомӕй фылдӕр.

правительство - Sputnik Хуссар Ирыстон
ӔХК рабадты ӕрдзурдзысты 2017 азы Хуссар Ирӕн финансон ӕххуысыл

"Университетон комплекс, операцион-хирургион корпус, Ленингоры поселочы уырыссаг скъолайы, Хъайтарты уынгыл бирӕфатерон хӕдзӕртты ӕмӕ гуырӕн хӕдзары арӕзтад райдыдта фарон. Фӕлӕ куыстытӕ кӕронмӕ ӕххӕст не ′рцыдысты, уымӕ гӕсгӕ объекттӕ рахызтысты ацы азы программӕмӕ", — загъта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Аленӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз адарддӕр уыдзысты куыстытӕ столицӕйы уынгтыл — нывӕзтмӕ гӕсгӕ хӕрзарӕзт хъуамӕ ӕрцӕуа 13 уынджы. Уый тыххӕй Инвестпрограммӕ рагхыгъд кӕны 471 милуан сомы.

Ацы аз ма райдайдзӕн Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнджытӕн мемориалон комплексы арӕзтад. Йӕ фӕзуат уыдзӕн авд мин квадратон метрӕй фылдӕр. Ацы нывӕзтты реализацийы хӕрдзтӕ уыдзӕн 63 милуан сомы.

"Адарддӕр уыдзӕн Хуссар Ирыстоны ӕртӕ азӕн нымад цӕрӕнуаты арӕзтад. Ацы аз программӕйӕн хицӕн ӕрцӕудзӕн 380 милуан сомы. Хъайтарты уынгыл микрорайоны арӕзтад балхынцъ кӕнынӕй дарддӕр ма, программӕмӕ гӕсгӕ, арӕзт хъуамӕ ӕрцӕуа Гаглойы фырты уынгыл 220,5 милуан сомы аргъ цӕрӕн комплексы арӕзтад", — банысан кодта Тедеты Аленӕ.

Инвестпрограммӕйы ма ис рӕуджыты низы ныхмӕ диспансер, Ленингоры районы доныхӕтӕл, канализаци ӕмӕ энергоифтонгады арӕзтад.

Дороги Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы 2017 азы сцалцӕг кӕндзысты 12 уынджы

Ацы аз ма хъуамӕ кӕронмӕ ахӕццӕ уа автомобилон фӕндаг "Гуфта — Къуайса"-йы арӕзтады фыццаг этап, фыццаджыдӕр фӕндаджы 13-километрон фадыг. Уый тыххӕй хъуамӕ хардз ӕрцӕуа 336 милуан сомы.

Адарддӕр ма уыдзӕн реалон секторы проектты финанскӕнынад дӕр, ацы мадзӕлтты бюджет суыдзӕн 266 милуан соммӕ ӕввахс.

Ӕдӕппӕт, 2017 азы программӕйы реализацийӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн ӕрцӕудзӕн ӕртӕ миллиард сомӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0