Хуссарирыстойнаг 54 рауагъдоны ратдзысты ИПФ Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Алексей КовалевШкола интернат
Школа интернат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иуæндæсæмкъласонтæй Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттыны фӕдыл куырдиæттæ Ахуырады министрады ист цыдысты майрæмбоны онг.

ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Хуссарирыстойнаг скъолаты рауагъдонтæй 54 фæнд кæныц уалдзæджы раттын Иумæйаг паддзахадон фæлварæн (ИМФ) Дзæуджыхъæуы, цӕмӕй стӕй бацӕуой Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы Ахуырады министрады.

Иуæндæсæмкъласонты хъуыд сӕ куырдиæттæ развæлгъау бавдисын Ахуырады министрадмæ, цæмæй сын цæгатирыстойаг рауагъдонты æмрæнхъ фадат уа раттын паддзахадон фæлварæнтæ Цæгат Ирыстоны. Скъоладзауты куырдиæттæ ист цыдысты майрæмбоны онг.

"Ӕдӕппæт Цæгат Ирыстоны ИПФ дæтдзысты 54 хуссарирыстойнаг ахуырдзауы, уыдонæй 12 рауагъдоны цæуынц уӕлдӕр ахуырмӕ лингвистон хаххыл", — радзырдта министрады зонад æмæ профессионалон ахуырады хайады хистæр Цыбырты Альда.

Абитуриенткæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ райстой 114 хуссарирыстойнаг рауагъдоны

Уый ма банысан кодта, ивгъуыд аз хуссарирыстойнаг рауагъдонтæ Дзӕуджыхъӕуы фæлварæнты рæстæджы кӕй равдыстой иттæг хорз зонындзинӕдтӕ уырыссаг æвзагæй, кæцыдæртæн сæ балтæ схызтысты 98-99 онг.

"Ацы аз дӕр рауагъдонтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕм. Фарон куырдиӕтты нымæц ахызт 170-йæ, фæлæ фæлварæн дæттынмæ уалдзæджы ацыд æрмæстдæр 30 рауагъдоны. Ахуырдзаутæн лимиттæ сæ къухы куы бафты, уæд сæ фæлварæн раттыны сæр нал бахъæуы, уымæ гæсгæ сæ нымæц зынгæ фæкъаддæр вæййы", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

Ӕдӕппӕт ацы аз хуссарирыстойнаг скъолатӕн хӕрзбон зӕгъдзысты 411 рауагъдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0