ПӔК: Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты паспорттӕ лӕвӕрд цӕуынц лӕмбынӕг басгӕрсты фӕстӕ

© FacebookПаспорт гражданина РЮО
Паспорт гражданина РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ПӔК-ы хъусын кӕнынц, паспортты бланктӕ иууылдӕр ӕфснайд кӕй сты уагдоны, ӕмӕ банысан кодтой, раздӕры хицауады рӕстӕджы давд кӕй ӕрцыд дӕс мин бланкӕй фылдӕр ифтонггарзимӕ иумӕ.

ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты паспорттӕ лӕвӕрд цӕуынц ӕрмӕстдӕр лӕмбынӕг басгӕрсты фӕстӕ ПӔК ӕмӕ МХМ-ы хаххыл, загътой ПӔК-ы пресс-службӕйы дзыллон информацийы фӕрӕзты айтынггонд информацийы фӕдыл, ома Цӕгат Ирыстоны территорийыл лӕвӕрд цӕуынц хуссарирыстойнаг паспорттӕ.

Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ хъавыдысты РХИ-мæ мæнг паспорттæй ӕрбахизын

Уагдоны фехъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстаджы гоймагдзинад бӕлвырдгӕнӕн документтӕ иууылдӕр кӕй сты ӕфснайд ПӔК-ы. Уыцы рӕстӕджы пресс-службӕйы минӕвар банысан кодта, "раздӕры хицауады рӕстӕджы давд кӕй ӕрцыдис 2006 азы хуызӕг дӕс мин паспортӕй фылдӕр ифтонггарзимӕ иумӕ, ныртӕккӕ уыдон сты агуырды, ацы бланкты номыртӕ та лӕвӕрд ӕрцыдысты уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕлон органтӕм, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны ЦӔК-мӕ".

"Электронон дзыллон информацийы фӕрӕзты активонӕй уынаффӕ цӕуы, Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы территорийыл Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвӕрттӕ уӕрӕхӕй кӕй дӕттынц РХИ ӕмбӕстаджы паспорттӕ. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты органтӕ фидарӕй дзурынц, паспорттӕ лӕвӕрд кӕй цӕуынц ӕрмӕстдӕр лӕмбынӕг басгӕрсты фӕстӕ РХИ ПӔК ӕмӕ МХМ-ы хаххыл", — загътой пресс-службӕйы.

ПӔК-ы банысан кодтой, 2016 азы уагдон кӕй адӕтта МХМ-ы паспортон-визӕйон службӕмӕ 2011 азы хуызӕг 3614 паспортты бланктӕ ӕмӕ алы ратгӕ паспорты фӕдыл дӕр ПӔК кӕй уагъта ӕмбӕлон басгӕрст, кӕцы сбӕрӕг кодта, уыдон кӕй ӕрцыдысты лӕвӕрд законон бындурыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0