ЦӔК ӕнхъӕлмӕ кӕсы "Ӕвзӕрстытӕ снысан кӕныны" уынаффӕйы мыхуырмӕ

© Sputnik / Алексей КовалевГород Цхинвал улица
Город Цхинвал улица - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты уынаффӕйы мыхуыры фӕстӕ ЦӔК-ы срегистраци кӕныны фадат уыдзӕн инициативон къордтӕ ӕмӕ партитӕн, кӕцыты фӕнды раразмӕ кӕнын сӕ кандидаты Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ.

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik. Централон ӕвзарӕн къамис йӕ куыстмӕ ӕрӕвналдзӕн, куыддӕр "Хуссар Ирыстоны ӕвзӕрстытӕ снысан кӕныны" тыххӕй уынаффӕ мыхуыр ӕрцӕуа республикӕйы дзыллон информацийы фӕрӕзты, афтӕ, загъта Sputnik ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг Плиты Белла.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент радта старт Хуссар Иры ӕвзӕрстагъоммӕ кампанийӕн

Хуссар Ирыстоны парламент дыццӕджы официалон ӕгъдауӕй фехъусын кодта, радон президентон ӕвзӕрстытӕ уагъд кӕй ӕрцӕудзысты 9 апрелы.

"Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстыты фӕдыл кампанийы фӕлгӕтты ЦӔК-ы бындурон куыст райдайдзӕн, парламенты уынаффӕ фондз боны ӕмгъуыдмӕ мыхуыр куы ӕрцӕуа, уый фӕстӕ", — загъта Плиты Беллӕ.

Уый банысан кодта, ӕвзӕрстагъоммӕ кампанийы фыццаг этап кӕй хъуамӕ суа инициативон къордтӕ ӕмӕ партиты регистраци, кӕцыты фӕнды раразмӕ кӕнын сӕ кандидаты Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ.

Фарон декабры парламент райста барастгӕнинӕгтӕ президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл законмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ республикӕ ног президент ӕвзардзӕн, ныры президент фондз азы размӕ цы мӕйы равзӕрст ӕрцыд, уыцы мӕйы дыккаг хуыцаубоны.

Абоны бонмӕ президенты бынатмӕ сӕ кандидатурӕтӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй фехъусын кодтой республикӕйы архайгӕ президент Тыбылты Леонид, экс-президент Кокойты Эдуард, парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0