Хуссар Ирыстоны парламент райста бюджет 2017 азӕн

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия
Парламент Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый тыххӕй схъӕлӕс кодтой 19 депутаты. Партитӕ "Ныхас" ӕмӕ "Адӕмы иудзинад"-ы минӕвӕрттӕ фӕуагътой ӕмбырдты зал, сӕхи хъӕлӕсӕппӕрстӕй атигъгӕнгӕйӕ. Дыууӕ депутаты Адӕмон партийӕ схъӕлӕс кодтой бюджеты ныхмӕ, иу депутат та нӕ радта хъӕлӕс.

ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ райстой 2017 азӕн паддзахадон бюджет. Паддзахадон бюджеты фӕдыл закон рахаст ӕрцыд фыццаг хатт, фарон ноябры йӕ хицауад куы ӕрбавдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Раздӕр парламент дыууӕ хатты систа фарст боны фӕткӕй.

Председатель комитета парламента по по бюджету и налогам Жанна Кочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Жанна: бюджеты хъахъхъӕд статьятӕ финансгонд цӕудзысты ӕххӕстбӕрцӕй

Парламенты спикер бамбарын кодта, уыцы хъуыддаг кӕй уыд баст тӕрхондонон реформӕ ауадзыны къуылымпытимӕ ӕмӕ банысан кодта, Уӕлдӕр арбитражон тӕрхондонӕн, кӕцы ис ликвидацион мадзӕлтты ӕмвӕзадыл, нӕй гӕнӕн ӕмӕ ӕмрӕстӕджы уа бюджетон фӕрӕзты хицау. Финансты министр Хӕбӕлаты Аза депутатты законы бындурон пункттимӕ куы базонгӕ кодта, уый фӕстӕ закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕтто6н хӕдразамынады парламентон комитеты разамонӕг Коцты Олеся бахаста ӕнхъарӕн документы текстмӕ барастгӕнинаг бахӕссын, цы ран ӕмбарын цӕуид уым Уӕлдӕр арбитражон тӕрхондоны фӕдыл рӕнхъы уӕвынад.

Барастгӕнинӕгтӕ бӕлвырд кӕнынц тӕрхондонон рацарӕзты мадзӕлттӕ балхынцъ кӕныны фӕдыл фӕлдзауӕн рӕстӕг, кӕцытӕ хъуамӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уой 2018 азы 1 январы.

Барастгӕнинӕгтӕ Коцты Олеся комкоммӕ бюджеты фӕдыл уынаффӕты рӕстӕджы кӕй ӕрбавдыста, уый тыххӕй депутаттӕй кӕцыдӕртӕ равдыстой се 'нӕразыдзинад, зӕгъгӕ, сӕ бон нӕу схъӕлӕс кӕнын, зонгӕ сын цы нӕу, уымӕн.

ДНР и ЛНР открыли свои представительства в Южной Осетии. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Хуссар Иры бюджет фидар не рцыд спикеры капризы тыххӕй

Бирӕ быцӕуты фӕстӕ Бибылты Анатолий, банхъардта цӕмӕй депутаттӕ зӕгъой сӕ хъуыды бюджеты фӕдыл законмӕ барастгӕнинӕгтӕ бахӕссыны фӕдыл.

Уымӕн схъӕлӕс кодтой 19 депутаты. Партитӕ "Ныхас" ӕмӕ "Адӕмы иудзинад"-ы минӕвӕрттӕ минӕвӕрттӕ фӕуагътой ӕмбырдты зал, сӕхи хъӕлӕсӕппӕрстӕй атигъ гӕнгӕйӕ. Дыууӕ депутаты Адӕмон партийӕ схъӕлӕс кодтой бюджеты ныхмӕ, иу депутат та нӕ радта хъӕлӕс.

Уынаффӕты кӕрон спикер банысан кодта, хицауады дыууӕ къабазӕн дӕр кӕй арфӕ кӕны бюджеты райсты фӕдыл.

Финансты министр та бафиппайдта, "бюджет кӕй ӕрцӕудзӕн ист, куыддӕр ыл йӕ къух ӕрфысса президент, афтӕ".

Ног хабӕртты лентӕ
0