Мӕскуыйы рацыд Тадтаты Тамерланы ног чиныг "Иди сюда, парень!"

© FacebookКнига "Иди сюда, парень!"
Книга Иди сюда, парень! - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмбырдгондмӕ бацыдысты радзырдтӕ, кӕцытӕ бындуриуӕг кӕнынц Хуссар Ирыстоны ӕрцӕугӕ реалон цаутыл.

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Ирон фыссӕг Тадтаты Тамерланы чингуытӕй ноджы иу рацыд мыхуыры. Радзырдты ӕмбырдгонд "Иди сюда, парень!" рацыд рауагъдад НЛО-йы (Ног литературон афӕлгӕст).

Чиныг Иди сюда, парень!-ы цъар - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иди сюда, парень!" – чиныг ӕнӕ пафос ӕмӕ ӕвдисгӕ хъайтардзинадӕй

Раздӕр фыссӕг ӕрсидт йе ′мгӕрттӕм ӕмӕ зонгӕтӕм, цӕмӕй йын баххуыс кӕной ног чиныг рауадзынӕн фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ ныр социалон хызӕджы Facebook загъта бузныг, чидӕриддӕр ӕм йе ′ххуысы къух фӕдаргъ кодта, уыдонӕн.

"Чиныг мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, мӕ къухы йыл хӕцын, цыма "Глок" кӕнӕ "Беретта" у. Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг, чиддӕриддӕр мын баххуыс кодта. Уӕлдай бузныг та мӕ фӕнды зӕгъын ме ′мгар ӕмӕ иттӕг хорз фыссӕг Олег Даркӕн, кӕцы ныффыста цымыдисон раздзырд чиныгмӕ", — фыссы Тамерлан йӕ аккаунты Facebook.

Фыссӕг йӕ радзырдты ӕмбырдгонд схуыдта "чиныг ӕнӕ пафос ӕмӕ ӕвдисгӕ хъайтардзинадӕй".

"Ацы чиныг у хуымӕтӕг ирон лӕппутыл, уыдон куыд тох кодтой Хуссар Ирыстоны сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадыл 90-ӕм ӕзты райдианы", — дзуры уый.

Ӕмбырдгондмӕ цы радзырдтӕ бацыдысты, уыдон, куыд фыссӕджы уацмыстӕ иууылдӕр, афтӕ бындуриуӕг кӕнынц Хуссар Ирыстоны ӕрцӕугӕ реалон цаутыл, "сӕ персонажтӕ — реалон хъайтартӕ, кӕцытӕ абон сты рох". Чиныгмӕ ма бацыдысты адӕм ӕмӕ цауты уникалон къамтӕ.

Тадтаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тадтаты Тамерлан: Ирыстоны алы къуым дӕр йемыдзаг у цымыдисаг историтӕй

"Ӕмбӕстагон мидхӕст нӕ аивгъуыдта историйы, куыд емынӕ кӕнӕ сау дзуар. Вирус разынд рӕстӕгӕй тыхджындӕр. Хӕстытӕ та сӕхӕдӕг фӕстаг ӕртын азы мидӕг нӕдӕр рӕстагдӕр ссисты, нӕдӕр уӕздандӕр. Хӕст райхалынӕй ӕнцондӕр ницы ис. Уый ӕрбацӕуы рудзгуыты бынмӕ ӕмӕ зӕгъы: "Ардӕм ма рацу, лӕппу!", — ӕмӕ лӕппу дӕр араст вӕййы хӕцынмӕ. Тадтаты Тамерланы радзырдтӕ сты куыд хӕстыл ног эпос", — дзырдӕуы чиныгмӕ аннотацийы.

Тадтаты Тамерлан у хуссарирыстойнаг фыссӕг, кӕцы у зындгонд ӕрмӕст Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы нӕ — йӕ сценаримӕ гӕсгӕ ист цыбырметражон нывӕфтыд фильм "Суадон" 2015 азы ӕвдыст ӕрцыд 68-ӕм Каннаг фестивалы.

Уый у Мӕскуыйы фысджыты цӕдисы уӕнг, престижон литературон конкурсты лауреат. Йӕ уацмысты фылдӕр хай у нывонд Хуссар Ирыстоны адӕмы тохӕн сӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады сӕрыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0