Хуссарирыстойнаг танкисттӕ рацыдысты ахуыртӕ Тарскӕйы полигоны

© Пресс-служба МОУчения на полигоне "Тарское"
Учения на полигоне Тарское - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг ӕфсӕддон службӕгӕнджыты вазыгджын боныгъӕды уавӕрты архайдӕн бӕрзонд аргъ скодта уӕрӕсейаг 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы булкъон Александр Хилов.

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады мотоӕхсӕн дӕлхайады танкисттӕ райстой хайад быдырон рахызты Цӕгат Ирыстоны 58-м ӕфсады полигон "Тарскӕ"-йы, фехъусын кодтой Sputnik хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

Быдырон рахызт уагъд цыд 28 январӕй 13 февралы онг ӕфсӕддон цӕттӕдзинады нывӕзтмӕ гӕсгӕ.

Батальонные тактические учения в ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны базӕйы басгӕрстой ӕфсӕддон цӕттӕдзинад

"Ахуырты агъоммӕ хуссарирыстойнаг ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ ауагътой штатон нӕмыгӕй цӕттӕгӕнӕн ӕхстыты хӕслӕвӕрдтӕ боны уавӕрты. Уӕрӕсейаг 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы командагӕнӕджы хӕдивӕг Александр Хилов бӕрзонд аргъ скодта хуссарирыстойнаг ӕфсӕддон службӕгӕнджыты цӕттӕдзинадӕн. Уый банысан кодта, вазыгджын боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, танкисттӕ кӕй равдыстой бӕрзонд фӕстиуджытӕ контролон ӕхст кӕнынӕй", — загътой хъахъхъӕнынады пресс-службӕйы.

Полигонмӕ ацӕуыны агъоммӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады танкон дӕлхайады хисӕрмагонд скондимӕ уагъд ӕрцыдысты быдырон рахызт уадзыны рӕстӕджы ӕдасдзинады техникӕйы фӕдыл ахуыртӕ штатон ӕхст уадзынӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0