Тыбылты Леонид бафыста 2017 азӕн Хуссар Иры бюджеты фӕдыл закон

© Sputnik / Михаил ХасиевПравительство Южная Осетия
Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты минӕвар парламенты Козаты Мӕдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, президенты аппараты барадон управлени, хицауады аппарат ӕмӕ юстицийы министрад радтой хатдзӕг, парламент цы закон райста, уым кӕй ис быцӕудзинӕдтӕ, фӕлӕ, уымӕ ′нӕкӕсгӕйӕ, закон райст ӕрцыд.

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид бафыста 2017 азӕн паддзахадон бюджеты фӕдыл закон, загътой Sputnik президенты администрацийы.

Парламент Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламент райста бюджет 2017 азӕн

Республикӕйы бюджет парламент райста 30 январы, уый размӕ парламент ацы фарст дыууӕ хатты систа боны фӕткӕй. Спикер бамбарын кодта, уыцы хъуыддаг кӕй уыд баст тӕрхондонон реформӕ ауадзыны къуылымпытимӕ ӕмӕ банысан кодта, Уӕлдӕр арбитражон тӕрхондонӕн, кӕцы ис ликвидацион мадзӕлтты ӕмвӕзадыл, нӕй гӕнӕн ӕмӕ ӕмрӕстӕджы уа бюджетон фӕрӕзты хицау.

Ӕппынфӕстагмӕ бюджет райст ӕрцыд барастгӕнинӕгтимӕ, кӕцытӕ агайынц тӕрхондонон реформӕ ауадзыны фарст. Партитӕ "Ныхас", " Адӕмы иудзинад" ӕмӕ Адӕмон партийы депутаттӕ не ′сразы сты фылдӕр хайы банхъаргӕ законы вариантимӕ.

"Кӕд закон райст ӕрцыд фӕткхалдимӕ, уӕддӕр президент, адӕмы ӕнкъарӕнтӕ хынцгӕйӕ, аскъуыддзаг кодта ууыл йӕ къух ӕрфыссын, парламент ӕм ӕй куыд ӕрбавдыста, ахӕм хуызы", — загъта президенты минӕвар парламенты Козаты Мӕдинӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, паддзахадон бюджеты тыххӕй райсгӕ законӕн лӕвӕрд ӕрцыдысты президенты администрацийы барадон управленийы, хицауады аппарат ӕмӕ юстицийы министрады хатдзӕгтӕ, ома бюджеты фӕдыл законы 7-ӕм статья кӕй цӕуы тӕрхондонон реформӕйы фӕдыл конституцион законы ныхмӕ, кӕцы райст ӕрцыд 2014 азы майы.

Председатель комитета парламента по по бюджету и налогам Жанна Кочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Жанна: бюджеты хъахъхъӕд статьятӕ финансгонд цӕудзысты ӕххӕстбӕрцӕй

"Ома, бюджеты фӕдыл законы ӕмӕ 2014 азы 7 майӕ конституцион законы фыст сты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр домӕнтӕ тӕрхондонон реформӕйы фӕдыл, уымӕ гӕсгӕ кӕд закон цӕуы конституцион законы ныхмӕ, уӕд хъуамӕ спайдагонд ӕрцӕуа, фылдӕр юридикон тых кӕмӕн ис, ахӕм документӕй", — бамбарын кодта Козаты Мӕдинӕ.

Уымӕй дарддӕр ма, уый аздӕхта хъусдард, бюджеты фӕдыл законы ӕмгъуыд кӕй у арӕнӕвӕрд — уый йӕ тыхы ис ӕрмӕстдӕр 2017 азы 1 январӕй 1 декабры онг.

"Депутаттӕ иттӕг хорз ӕмбӕрстой, ӕнустӕм цы тӕрхондонон реформӕйы домӕнтӕ ист цӕуынц, уыдон кӕй не ′рцӕудзысты фыст рӕстӕгӕй арӕнӕвӕрд законы. Куыд фӕнды ма уа, уӕддӕр уыдон сӕ тых фесафдзысты азы кӕрон", — загъта уый.

бӕлвырд кӕнынц тӕрхондонон рацарӕзты мадзӕлттӕ балхынцъ кӕныны фӕдыл фӕлдзауӕн рӕстӕг, кӕцытӕ хъуамӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уой 2018 азы 1 январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0