Уӕрӕсеимӕ уæлæмхас бадзырды фæлгæтты фæфылдæр уыдзæн РХИ æфсæддонты куыстмызд

© Sputnik / Фатима ПлиеваТоржественное собрание 23 февраля
Торжественное собрание 23 февраля - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Тыбылты Леонид фехъусын кодта, æввахс рæстæджы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрæдты хсæн уæлæмхас бадзырды бафыст хорзæрдæм кӕй бандавдзæн республикӕйы ӕфсӕддон ведомствӕйы материалон-техникон ифтонгад æмæ куыстмыздтыл.

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады иумæйаг контур саразыны фæдыл дыууӕ бӕстӕйы ӕфсӕддон ведомствӕты хсæн ӕввахс рæстæджы бафыст æрцæудзæн уæлæмхас бадзырд, кæцыйы фæрцы ирон æфсæддонты куыстмыздтæ схиздзысты цæгаткавказаг æфсæддонты фиддӕнты ӕмвӕзадмӕ. Уый тыххæй фехъусын кодта президент Тыбылты Леонид Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны æмæ Хъахъхъæнынады министрады сæвзæрдыл 24 азы сæххæсты фæдыл цытджын ӕмбырды рæстæджы.

25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ратдзысты ног хуызӕджы æфсæддон билеттæ

Бӕстӕйы сӕргълууӕг ӕфсæддонтæн раарфæ кодта сӕ бӕрӕгбоны цытӕн æмæ банысан кодта, Хъахъхъæнынады министрады кусджытæм æввахс рæстæджы кæй æнхъæлмæ кæсынц æвæрццаг ивындзинæдтæ.

"Ӕмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды фæлгæтты хъахъхъæнынады хаххыл уæлæмхас бадзырд бафыссыны фæдыл ацы бонты æнхъæлмæ кæсæм фæхуындмæ. Документы фæлгæтты арæзт æрцæудзæн хъахъхъæнынады иумæйаг контур. Ӕфсæддонты куыстмызд фæфылдæр кæнын æмæ сӕ материалон-техникон ифтонгад фæхуыздæр кæныны пункттæ дæр æрцæудзысты æххæст", — загъта президент.

Уый ма банысан кодта, бæрæгбоны цытæн фæстæдæр къорд æфсæддонӕн лӕвӕрд кӕй æрцæудзысты паддзахадон хорзæхтæ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваФыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытӕн рабадт
Торжественное собрание 23 февраля - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытӕн рабадт

Дарддӕр ӕрæмбырдуæвджытæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой зынгхуыст хъайтарты æмæ Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы Виталий Чуркины рухс нæмттæ.

Цытджын æмбырдмæ æрбацыдысты, Хъахъхъæнынады министрады бындурæвæрдмæ сæ хайбавæрд чи бахаста уыдон, æфсæддонтæ, хæсты ветерантæ, республикæйы къухдариуæгад, кадетон скъолайы ахуырдзаутæ, уазджытæ Абхазы республикæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0