Ӕрӕджыйы суицид Цхинвалы баст у "мӕлӕты къордтимӕ" - генпрокурор

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæПервый снег в Цхинвале
Первый снег в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Генпрокурор фехъусын кодта, ӕрыгон цхинвайладжы хи амарын баст кӕй у афтӕ хуыйнӕг "мӕлӕты къордты" хайадистимӕ.

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Козаты Диана. Ӕрӕджы Цхинвалы йӕхи цы ӕрыгон лӕппу амардта, уый ахӕм къахдзӕф саразынмӕ басхуыста социалон хызӕгты "мӕлӕты къордты" ӕндӕвдад. Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Парламент Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Депутаттӕ "мӕлӕты къордты" тыххӕй: барӕй кӕнынц сывӕллӕтты суициды онг

Трагикъон цау ӕрцыд Цхинвалы ацы мӕй. 27-аздзыд лӕппуйы мӕлӕт райста стыр резонанс ӕхсӕнады, цы ран уайтагъд райдыдтой дзурын, уый кӕй иста хайад суицидалон ӕмӕхсӕнадтӕй иуы.

"Мах бакодтам уголовон хъуыддаг. Цауы бынат ӕмӕ трагедийы ӕууӕлтӕ басгӕрсты фӕстӕ рахастам фӕмардуӕвӕджы хисӕрмагонд компьютер, кӕцы ӕрцыд ӕрвыст нӕ коллегӕтӕм Цӕгат Ирыстонмӕ. Цы сӕрысӕйраг зонӕнтӕ райстам, уыдонмӕ гӕсгӕ уыд бынат ӕрыгон лӕппуйы ныхмӕ психологон атакӕйӕн Интернет хызӕджы руаджы, кӕцы ӕркодта ахӕм трагикъон хабармӕ", — загъта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Задержание сторонников ИГ в Дагестане. Оперативные кадры - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мӕлӕты къордты" координаторты ӕрурӕдтой Цӕгат Ирыстоны

Уый банысан кодта ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл МХМ-ы хайады куыст ацы здӕхты, кӕцыйы минӕвӕрттӕ, генералон прокуроры ныхӕстӕм гӕсгӕ, рӕстӕгыл рабӕрӕг кодтой ӕппӕрццаг тенденци ӕмӕ ауагътой ӕмбарынгӕнӕн куыст республикӕйы ахуырадон уагдӕтты.

"Мах дӕр уадзӕм ахӕм куыст ПӔК ӕмӕ ӕддагон разысгæрсты службӕйы кусджытимӕ. Мах нӕ хъус дарӕм алы сигналмӕ дӕр. Бынатмӕ ацӕуы къорд, техникӕ ӕрцӕуы ист ӕмӕ рацӕуы басгӕрст", — загъта генпрокурор.

Хуссаристойнаг ӕхсӕнад ӕвдисы катай алыгъуызон социалон хызӕгты афтӕ хуыйнӕг "суициды къордты" фӕдыл. Ӕнӕофициалон зонӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы ныридӕгӕн уыд дыууӕ цауы, сывӕллӕттӕ сӕхи амарын куы бафӕлвӕрдтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0