Ленингоры районӕн снысан кодтой ног сӕргълӕууӕджы

© Sputnik / Михаил ХасиевЛечу над родной землей
Лечу над родной землей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Администрацийы кусджытӕн ног сӕргълӕууӕджы дыццӕджы базонгӕ кодта президент Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ног сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй нысан ӕрцыд Дриаты Заза, фехъусын кодтой президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.

Замок-дворец Касанских Эриставов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕмӕй цӕры Ленингор

Районы раздӕры сӕргълӕууӕг ацыд йӕ бынатӕй барвӕндӕй. Уый Ленингорӕн къухдариуӕг кодта ӕртӕ азӕй чысыл къаддӕр — 2014 азы апрелӕй фӕстӕмӕ.

Администрацийы кусджытӕн ног сӕргълӕууӕджы дыццӕджы базонгӕ кодта президент Тыбылты Леонид. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дриаты Заза у республикӕйы аккаг ӕмбӕстӕгтӕй иу, кӕцыйӕ ис ӕвӕрӕн стыр ныфсытӕ ӕмӕ "дӕн ӕнӕдызӕрдыг, кӕй сӕ нӕ фӕсайдзӕн".

"Ленингоры районы хъавынц бакӕнын Паддзахадон таможнӕйон комитеты дӕлхайад ӕмӕ мӕ ныфс ис, Заза Нодары фырт, ацы структурӕйы йӕ фӕлтӕрддзинад хынцгӕйӕ, бакӕндзӕн профессионалон ӕндӕвдад", — загъта президент.

© Пресс-служба президента и правительства РЮОАдминистрацийы кусджытӕн ног сӕргълӕууӕджы дыццӕджы базонгӕ кодта президент Тыбылты Леонид
Леонид Тибилов представил нового главу Ленингорского района Зазу Дриаева (третий слева) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Администрацийы кусджытӕн ног сӕргълӕууӕджы дыццӕджы базонгӕ кодта президент Тыбылты Леонид

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, Дриаты Заза цыбыр ӕмгъуыдмӕ кӕй хъуамӕ сахуыр кӕна район ӕмӕ цӕрджыты проблемӕтӕ.

"Ныфс мӕ ис, кабинеты кӕй нӕ баддзынӕ, фӕлӕ кусдзынӕ адӕмимӕ", — банысан кодта президент.

Дриаты Заза загъта бузныг президентӕн бакӕнгӕ ӕууӕнчы фӕдыл ӕмӕ банысан кодта, кӕй нывӕнды Ленингормӕ ацӕуын цӕрынмӕ йӕ бинонтимӕ.

Дриаты Заза райгуырд 1971 азы Гуырдзыстоны, горӕт Кобулеты. Ахуырад райста Мӕскуыйы.

Ис ын бинонтӕ, хъомыл кӕны дыууӕ сывӕллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0