ЦӔК официалонӕй срегистраци кодта Хуссар Иры президенттӕм фыццаг кандидатты

© Sputnik / Михаил ХасиевПравительство Южная Осетия
Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ЦӔК не ссардта бындур Тыбылты Леонид ӕмӕ Бибылты Анатолий срегистраци кӕныны тобӕйӕн.

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис президенттӕм кандидаттӕй срегистраци кодта Тыбылты Леонид ӕмӕ Бибылты Анатолийы, фехъусын кодта Sputnik ЦӔК-ы нымӕрдар Авлохты Кристина.

Уынаффӕ райстӕуыд Централон ӕвзарӕн къамисы рабадты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, кӕцы уагъд ӕрцыд цыппӕрӕмы.

"Дыууӕ пакет дӕр басгӕрст ӕрцыдысты снысангонд рӕстӕгмӕ, ис ма лингвистон къамисы ӕвӕрццаг хатдзӕгтӕ. Кусӕгон къордты протоколты бындурыл райст ӕрцыд уынаффӕ Тыбылты Леонид ӕмӕ Бибылты Анатолийы срегистраци кӕнын Республикӕ Хуссар Ирыстоны президенттӕм кандидаттӕй", — загъта Авлохты Кристина.

Уый банысан кодта, кандидатты срегистраци кӕныны тобӕйӕн бындур кӕй нӕ уыд.

Председатель ЦИК Южной Осетии Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК нал исы кандидаттӕ раразмӕ кӕнынӕн ӕмбырдтӕ уадзыны тыххӕй хъусынгӕнӕнтӕ

Афтӕ, ЦӔК-ы регистраци рацыдысты дыууӕ кандидаты — архайгӕ президент Тыбылты Леонид ӕмӕ парламенты спикер Бибылты Анатолий.

ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан ӕмӕ республикӕйы экс-президент Кокойты Эдуард бадӕттой документты ӕххӕст пакет Централон ӕвзарӕн къамисмӕ, афтӕ ма рацыдысты паддзахадон ӕвзӕгты фӕдыл фӕлварӕн.

Документтӕ райсыны фӕстӕ Централон ӕвзарӕн къамисӕн ис 10 боны, цӕмӕй басгара кандидаты тыххӕй ӕрбавдисгӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ йӕ ӕфтиӕгтӕ ӕмӕ хӕрдзты, исады ӕмӕ а. д.

Депутат Къозонты Алан ӕртыццӕджы ӕрбавдысттӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг къухфыстты нымӕц ӕмӕ ныртӕккӕ дӕтты лингвистон фӕлварӕн.
Ноджы ма иу претендент Багаты Амиран нырма нӕ балӕвӕрдта йӕ документтӕ ЦӔК-мӕ. Уымӕн ын ис рӕстӕг 5 марты онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0