Дон графикмӕ гӕсгӕ. Проблемæ аскъуыддзаг уыдзæн æртæ къуыримæ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæСезонное отключение воды
Сезонное отключение воды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Горæты администрацийы бамбарын кодтой, магистралон доны хӕтӕл Едыс–Цхинвалмæ дон кӕй цæуы æртæ къалиуæй - Дзомагъ, Брытъат æмæ Едысæй, уыдонæй уыдонӕй дыууӕмӕ хæццæ кæны миттадты дон ӕмӕ сӕ уалдзӕджы бахъӕуы ахицӕн кӕнын.

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы районтӕм ӕртӕ къуырийы дӕргъы дон цӕудзӕн графикмӕ гӕсгӕ. Магистралон доны хӕтӕл Едыс-Цхинвалы цы æртæ къалиу ифтонг кæны, уыдонæй дыууæмӕ хӕццӕ кӕны змӕст дон, уымæ гæсгæ сæ уалдзӕджы бахъæуы ахицæн кæнын, фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы.

Город Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Маяковскийы уынджы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц, дон сӕм ӕвзӕр кӕй цӕуы

Цхинвалы донифтонгады проблемӕтæ фæзындысты къуырийы размæ. Нуазыны дон райдыдта цӕуын тынг змӕстӕй ӕмӕ къуыхцытимӕ. Мэрияйы районтӕн сарӕзтой график, цӕмӕй цӕрджытӕ зоной, цы рӕстӕг сӕм цӕудзӕн дон.

"Горæты цӕгаттаг хай дон исдзысты райсом 8 сахатæй фæстæмæ, фæссихорты — 14:00 сахатӕй фӕстӕмӕ — дон хæццæ кæндзæн Харебаты Исахъхъæй дæлæмæ уынгтӕм, Текстилы районы та дон райсдзысты 20.00 сахатæй фæстæмæ", — радзырдтой мэрияйы.

Уым ма банысан кодтой, проблемӕ иуварс кӕй ӕрцӕудзӕн ӕртӕ къуыримӕ ӕмӕ та цӕрджытӕ исдзысты дон раздӕры графикмӕ гӕсгӕ.

Бындуронæй та донифтонгады проблемæ Цхинвалы аскъуыддзаг кæндзысты 2018-2019 æзты, уæд Инвестицион нывæзты фæлгæтты арæзт æрцæудзæн фæстауæрцон доныхæтæл.

Ног хабӕртты лентӕ
0