Уӕрӕсейаг хицауад хорзыл банымадта РХИ дӕлхайӕдты бацыд УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ

© Sputnik / Ада БагианВоенный парад к 25-летию РЮО
Военный парад к 25-летию РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд у уӕлӕмхас ӕмгуыстад ӕмӕ ӕмцӕдисады фӕдыл бадзырдмӕ, кӕцы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы разамонджытӕ бафыстой 2015 азы марты.

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы хицауад банымадта хорзыл Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕн баздырды РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды уагӕвӕрды фӕдыл проект, фехъусын кодта РИА Новости.

"РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды уагӕвӕрды фӕдыл проектыл развӕлгъау бакуыстой хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг фарсытӕ", — дзырдӕуы документыл.

Ацы бадзырд бафыссыны тыххӕй ӕнхъарӕн бахаст ӕрцӕудзӕн УФ-йы президент Владимир Путины хъусдардмӕ.

Президент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ ӕмӕ РХИ президенттӕ ӕрдзурдзысты ӕфсӕддон бадзырд ӕмӕ мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныныл

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сæргълæуджытæ 18 марты Мæскуыйы бафыстой интеграци æмæ æмцæдисады тыххæй бадзырд. Бадзырд рагхыгъд кæны æрæмдзых æддагон политикæ, хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумæйаг тыгъдад, дыууæ бæстæты барадхъахъхъæнæн координацион центры сырæзт.

Документ ма рагхыгъд кæны бæстæты æхсæн арæныл сæрибарæй цæуын, РХИ-йы таможнæйон органты интеграци УФ-йы æнгæс структурæтæм. Уæрæсе йæхимæ хæс исы Хуссар Ирыстоны куыстмыздтæ æмæ пенситæ Цæгат Кавказы æмвæзады онг фæфылдæр кæнын. Афтæ ма республикæйæн феххуыс кæнын ахуырад, культурæ æмæ зонады райрæзтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0