Цӕстдарджытӕ Хуссар Ирӕй: Абхазы ӕвзӕрстытӕ ацыдысты бӕрзонд ӕмвӕзадыл

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæПарламентские выборы в Абхазии
Парламентские выборы в Абхазии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты делегаци цӕстдарджыты хуызы йӕ хъус дардта Абхазы парламентон ӕвзӕрстытӕм ӕмӕ нӕ банысан кодта иунӕг уагхӕлд дӕр.

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik. Парламентон ӕвзӕрстытӕ Абхазы ацыдысты иумӕйаг ӕхсӕнадӕмон стандартты ӕвзӕрстон закондӕттынадмӕ гӕсгӕ, загъта Хуссар Ирыстоны парламенты вице-спикер Тедеты Руслан.

12 марты Абхазы уагъд ӕрцыдысты уӕлдӕр закондӕттӕн орган, иупалатӕйон Парламент — Адӕмон Ӕмбырды VI ӕрсидты депутатты ӕвзӕрстытӕ. Спикер Валерий Бганбайы фӕхуындмӕ гӕсгӕ, ӕвзӕрстыты цыдмӕ йӕ хъус дардта Хуссар Ирыстоны парламенты делегаци, кӕцыйы сконды уыдысты вице-спикер Тедеты Руслан ӕмӕ депутат Хуыбиаты Алан.

"Абхазы парламентон ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцыдысты архайгӕ ӕвзӕрстон закондӕттынад ӕмӕ иумӕйаг ӕхсӕнадӕмон стандарттӕм гӕсгӕ. Мах цы ӕвзарӕн фадгуытыл уыдыстӕм, уым алцыдӕр уыд афтӕ арӕзт, ӕмӕ нӕ тыхджын куы бафӕндыдаид, уӕддӕр нӕ бон нӕ бауыдаид ӕвзарӕн процессы къӕм ссарын, ницы уагхӕлдӕн уыд ссарӕн", — хъусын кӕны Тедеты Русланы ныхӕстӕ парламенты пресс-службӕ.

Достойные признания и «08.08.08: что знают о Южной Осетии в Абхазии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Банымады аккаг ӕмӕ "08.08.08": цы зонынц Хуссар Ирыстоны тыххӕй Абхазы

Депутат ма бӕрзонд аргъ скодта Абхазы ЦӔК-ы куыстӕн. Тедеты Руслан банысан кодта, мониторингон къорд нырма кӕй нӕ фехъуыста иу хъаст ӕмӕ иу фиппаинаг дӕр цӕстдарджыты, депутаттӕм кандидаттӕй ӕууӕнчы адӕмы ӕрдыгӕй.

"Мах ницы фиппаинӕгтӕ фехъуыстам ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕй дӕр. Ӕвзарӕн фадгуытыл ӕмӕ сӕ алыварс территорийыл ницы карз уавӕр уыд. Ӕххӕст цыд адӕмы иумӕйаг, ӕмсӕр, комкоммӕ ӕмӕ сӕрибар фӕндон", — загъта Тедеты Руслан.

Уый сарӕзта рекомендаци Абхазы адӕмы официалон ӕмӕ ӕнӕофициалон "цӕстуарзджытӕн", кӕцытӕ хъусын кӕнынц, зӕгъгӕ, нӕ банымайдзысты ауадзгӕ парламентон ӕвзӕрстытӕ, "цӕмӕй сахуыр уой ӕвзӕрстытӕ уадзын ахӕм бӕрзонд организацион ӕмвӕзадыл ӕмӕ ахӕм ӕргомӕй, куыд Абхазы парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ".

Ног хабӕртты лентӕ
0