"Остелеком" фæдзæхсы, нывæзтгонд куыстыты тыххæй хызы кæй уыдзæн къуыхцытæ

© Sputnik / Алексей КовалевМегафон
Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Компанийы ныфс равдыстой, æппæт куыстыты фæстæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн кæй фæзындзæн фадат лæггæдтæй пайда кæнын гъæдджындæр æмвæзадыл

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны иунæг чырон бастдзинады оператор "Остелеком" бафæдзæхста йæ абонентты, хызы кæй фæзындзæн къуыхцытæ нывæзтгонд куыстыты аххосæй, фехъусын кодтой компанийы пресс-службæйы.

Азы райдианы "Остелеком" фехъусын кодта ифтонггарзы нывæзтгонд раивды æмæ ног станцтæ эксплуатацимæ райсыны тыххæй, уый та уыдзæн ахъаз республикæйы бастдзинады гъæд фæбæрзонддæр кæнынæн. Компанийы ныфс бавæрдтой, куыстытæ иууылдæр кæй балхынцъ кæндзысты сæрдмæ.

Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мегафоны ног хæрзиуæг æнхъары сывæллæттæн æдас интернет

"Мегафон — Хуссар Ирыстон" æрæвнæлдта республикæйы архайгæ мобилон хызы модернизацийы фæдыл уæрæх программæйы реализацимæ. Уый аххосæй 25 мартæй 1 июльмæ бындурон станцты цæудзысты куыстытæ æмæ абоненттæ гæнæн ис æмæ 'взарой бæлвырд цухдзинæдтæ интернетмæ бахизыны æмæ бастдзинады. Компани куры хатыр йæ абоненттæй, кæцытæ сæмбæлдзысты зынвадæттыл", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Компанийы банысан кодтой, "нырыккон ифтонггарзы сæвæрдимæ бæрæг кæй фæуæрæхдæр уыдзæн хызы гуырахст", афтæ ма фæхуыздæр уыдзæн æмбæрзты зонæ. Горæты цæрæгджындæр районты хъуамæ бакæной минимум æртæ ног станцы.

"Афтæ ма баконд æрцæудзæн бындурон станц арæнгæрон хъæутæй иуы, цы ран ныры онг мобилон бастдзинад бынтондæр нæ уыд. Ӕппæт ацы мадзæлттæ ратдзысты фадат нырыккон мобилон технологиты уæлидзинæдтæ банкъарын Хуссар Ирыстоны алы районы дæр", — бафтыдтой "Остелеком"-ы.

Ныртӕккӕ ӔАӔ "Остелеком" Хуссар Ирыстоны лӕггад кӕны 56 мин абонентӕн.

ЗАО "Остелеком" — фыццаг мобилон бастдзинады оператор РХИ-ы территорийыл. Компани арæзт æрцыд 2004 азы. 2010 азæй "Остелеком" ифтонг кæны бастдзинады лæггæдтæй мобилон бастдзинады фыццаг уæрæсейаг оператор бренд "Мегафон"-ы бын. Цæрджытæ арæх хъаст кодтой бæрзонд æргътæ æмæ лæггæдты æвзæр гъæдæй. Фарон январы РХИ парламент æрдомдта, цæмæй "Остелеком" фæасламдæр кæна тарифтæ æмæ фæбæрзонддæр кæна лæггæдты гъæд. Хуссар Иры фæсивæды инициативон къорд æрæмбырд кодта мобилон бастдзинады оператор "Остелеком"-ы зынаргъ интернет æмæ бастдзинады лæггæдты ныхмæ къухфысттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0