Спикер ӕрдзырдта Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны референдумы ӕмгъуыдыл

© Sputnik / Ада БагианСпикер парламента Анатолий Бибилов
Спикер парламента Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий Мӕскуымӕ йӕ балцы рӕстӕджы фембӕлд УФ Федерацийы Советы сӕрдар Матвиенко Валентинаимӕ, афтӕ ма аныхӕстӕ кодта журналисттимӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕвӕццӕгӕн Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл референдум ауадздзӕн президентон ӕвзӕрстыты фӕстӕ 2017 азы, загъта брифингы Мӕскуыйы республикӕйы парламенты спикер Бибылты Анатолий.

"Хуссар Ирыстоны адӕмы тырнындзинад Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуынмӕ сусӕг никӕмӕн у. Ис бадзырд республикӕйы сӕргълӕууӕгимӕ ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, референдум уагъд кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа президентон ӕвзӕрстыты фӕстӕ 2017 азы", — хъусын кӕны спикеры ныхӕстӕ РИА Новости.

Уый бафтыдта, "куыд фӕндыйӕ дӕр ахӕм бадзырд президент Тыбылты Леонид ӕмӕ ме ‘хсӕн ис… мах уынаффӕтӕ кӕндзыстӕм нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ, уымӕн ӕмӕ уый комкоммӕ хауы Уӕрӕсемӕ, УФ закон махӕн бар дӕтты ууыл кусын, фӕлӕ нырма баст у ӕхсӕнадӕмон уавӕримӕ, кӕцы ис абоны бон.

Встреча Валентины Матвиенко и Анатолия Бибилова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Матвиенко: Хуссар Иры æвзæрстыты хъуамæ фæуæлахиз уой адæм

Спикер ма бацагайдта Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты темӕ дӕр, кӕцытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. Бибылты Анатолий, кӕцы йӕхӕдӕг дӕр у президенттӕм кандидат, аиуварс кодта уавӕры эскалацийы тас ӕвзӕрстыты рӕстӕджы ӕмӕ хъӕлӕсӕппӕрсты бон.

"Махӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у схъӕлӕс кӕнын, хъуамӕ мацы ӕндыгъд уавӕртӕ сӕвзӕра ӕвзӕрстыты рӕстӕджы ӕмӕ хъӕлӕсӕппӕрсты бон, мӕн фидарӕй уырны, кӕй нӕ уыдзысты", — загъта уый.

Экс-президент Кокойты Эдуарды фарсхæцджытæ 19 марты æрæмбырд сты æнæзаконон митингмæ хицауады бæстыхайы цур. Уыдон ногæй домдтой, цæмæй архайгæ президент ацæуа йæ бынатæй, аивд æрцæуой ЦӔК-ы æмæ Уæлдæр тæрхондоны уынаффæтæ.

Бибылты Анатолийӕ дарддӕр ма ЦӔК президенттæм кандидаттæй срегистраци кодта архайгæ президент Тыбылты Леонид æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Аланы.

Ног хабӕртты лентӕ
0