Хуссар Ирыстоны ацæудзысты артиллерион æхстытæ

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæБатальонные тактические учения ЮВО
Батальонные тактические учения ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар æфсæддон зылды 19 полигоны артиллеристтæ ауадздзысты ахуыртæ, æхстытæ ма ацæудзысты Абхаз, Сомихстон æмæ Хуссар Ирыстоны.

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Артиллерион æхсты иумæйаг боны хайад райсдзысты 13 мин æфсæддон службæгæнæджы. Ахуыртæ ацæудзысты Хуссар æфсæддон зылды 19 полигоны. Артиллеристтæ сæххæст кæндзысты мæнг ныхмæлæууæджы объекттæ скуынæг кæныны фæдыл хæслæвæрдтæ.

Учения на полигоне Тарское - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг танкисттӕ рацыдысты ахуыртӕ Тарскӕйы полигоны

"Фыццаг хатт егъау хъомысады хæдцæугæ-артиллерион дивизионтæ Мæхъæл æмæ Ростовы областы полигонтыл сæххæст кæндзысты æхст 240 мм-он хæдцæугæ минææхсæгтæй "Тюльпан" æмæ 203-мм-он ХМӔ "Малка"-йæ. Афтæ ма æфсæддон æхсты райсдзысты хайад 3 мин иуæджы хæстæрмæджытæ æмæ æфсæддон техникæ, уый нымæцы æмæхсты реактивон системæтæ "Торнадо", "Град" æмæ "Ураган", хæдцæугæ артиллерион æвæрдтæ "Хоста", "Мста-С" æмæ "Акация", хæдцæугæ танкты ныхмæ ракетон комплекстæй "Хризантема", — дзырдæуы Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæйы хъусынгæнинаджы.

Ӕфсæддон æхстытæ ацæудзысты ХФЗ-ы ракетон æфсады æмæ артиллерийы масштабон лагерон ахуырты фæлгæтты.

Уæрæсейаг æфсæддон базæ Хуссар Ирыстоны территорийыл регулярон æгъдауæй исы хайад ахæм ахуырты.

Ног хабӕртты лентӕ
0