Хуссар Ир фæаххосджын кодта Гуырдзыстоны тыхæй ма спайда кæныны уынаффæйы фехæлды

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства
Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны минæвæртты уынаффæйы дзырдæуы, республикӕйы делегаци тыхæй ма спайда кæныны фæдыл цы уынаффæйы вариант æрбавдыста, ууыл кæй сразы сты фарсытæ иууылдæр Гуырдзыстонæй дарддæр

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Фæскавказы æдасдзинад бахъахъхъæныны фæдыл женеваг дискусситы хайадисджытæн нæ бантыст саразын къахдзæф тыхæй ма спайда кæныны фæдыл уынаффæйы райсты хъуыддаджы. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ уыцы хъуыддаджы фæаххосджын кодтой гуырдзыстойнаг делегацийы.

Сопредседатели Женевских дискуссий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурӕт: Хуссар Иры катайы ӕппары НАТО-йы позициты ӕрфидар Гуырдзыстоны

Женевæйы кæронмæ бахæццæ ис Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дискусситы 39-æм раунд, цы ран ӕмбарадон бындурыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ОБСЕ ӕмӕ Иугонд нациты организацийы минӕвӕрттӕ.

"Хуссар Ирыстоны делегаци тыхæй ма спайда кæныны фæдыл цы уынаффæйы цыбыр вариант æрбавдыста, ууыл сразы сты хайадисджытæ иууылдæр, фæлæ гуырдзыстойнаг делегацийы æнæконструктивон позици фадат нæ радта ацы уынаффæ райсын", — дзырдæуы хуссарирыстойнаг делегацийы æлхынцъон хъусынгæнинаджы.

Гуырдзыстоны хицæутты агрессивон риторикæйы фоныл Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы минæвæрттæм катайдзинад ӕвзӕрын кӕны, Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы феввахсдæрмæ тенденци æмæ йæ территорийыл альянсы инфраструктурæйы сырæзт.

Радон раунд Женевæйы уагъд æрцæудзæн 2017 азы июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0