Генпрокуратурæ, МХМ æмæ ПӔК-мæ катайдзинад æвзæрын кæны уавæр Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Наталья АйриянБрифинг
Брифинг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Генпрокуратурæ, ПӔК æмæ МХМ сæргълæуджытæ ауагътой брифинг Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты агъоммæ

ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты минæвæрттæм катайдзинад æвзæрын кæны æвзæрстагъоммæ æмæ республикæйы æхсæнадон-политикон уавæр, загъта брифингы рæстæджы Цхинвалы Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæг Виктор Шаргаев.

Уый банысан кодта, республикæ кæй лæууы ахсджиаг кампани балхынцъ кæныны раз.

"Кæд ницы катаклизмтæм æнхъæлмæ кастыстæм, уæддæр уыдон æрцыдысты. Ӕвзæрстагъоммæ кампани цыд сабыр, цалынмæ дзы сæхи нæ батъыстой бæлвырд тыхтæ. Баззад ма иу къуыри. Махмæ катайдзинад æвзæрын кæны оперативон æмæ республикæйы æхсæнадон-политикон уавæр. Ӕмæ нæ ныфс ис журналистон корпус æмæ æхсæнадæй, цæмæй æвзæрстытæ ацæуой сабыр", — загъта Шаргаев.

ПӔК-ы сæргълæууæг банысан кодта, уагдонæн кæй нæй хъулон ахаст, "9 апрелы ПӔК-ы кусджытæй алчидæр рацæудзæн æвзарæн фадгуытæм æмæ уым равдисдзæн йæ политикон ахаст иу кæнæ иннæ кандидатмæ".

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ сӕргълӕууӕг: Кокойты Эдуарды фарсхӕцджыты провокацитӕ цӕудзысты нымӕг

МХМ-ы сæргълæууæг Лæууойты Ӕхсар банысан кодта, æвзæрстыты агъоммæ оперативон уавæр республикæйы кæй у сабыр, уæззау фыдракæндтæ фæстаг рæстæджы регистрацигонд не ′рцыдысты.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, барадхъахъхъæнæг органтæ сæйраг хъусдард здахынц закондзинад бахъахъхъæнынмæ æмæ æвзæрстытæ сабыр уавæры ауадзынмæ.

"Экс-президент Кокойты Эдуарды æрдыгæй уыд уавæры дестабилизацийы фæлвæрдтытæ — уыдон арæзтой æнæзаконон æмбырдтæ æмæ цыдтæ. Барадхъахъхъæнæг органтæ сарæзтой æппæтдæр, цæмæй ацы къахдзæфтæн ма уа уæззау фæстиуджытæ", — загъта министр.

Лæууойты Ӕхсар банысан кодта, экс-президенты "фæндон, куыд фæндыйæ дæр президент суæвын, ахызт алы æгъдауы сæрты дæр", йæ фарсхæцджытæ цалдæр бон уагътой æнæзаконон мадзæлттæ, ома ЦӔК æмæ Уæлдар тæрхондоны скъуыддзæгты ныхмæ.

"Скъуыддзæгтæ иууылдæр уыдысты законон æмæ бындуриуæг кодтой, Кокойты Эдуард йæхæдæг цы закæттæ фæкарздæр кодта æмæ райста йæ политикон оппонентты аиуварс кæнынæн, уыдоныл. Уæдæй фæстæмæ йæ амбицитæ фылдæрæй фылдæр кодтой — паддзахадон органтыл æмæ Конституцийы закæттыл æндæвдады руаджы сбадын президентон къæлæтджыны", — загъта МХМ-ы сæргълæууæджы.

Лæууойты Ӕхсары информацимæ гæсгæ, Кокойты æмæ йæ фарсхæцджытæ фæнд кæнынц 9 апрелы æвзæрстытæ фехалын æмæ "уыцы халæн куыст уый кæны куыд горæты, афтæ республикæйы районты дæр. Уый ацы къахдзæфтæ схуыдта "фæндаг хаосмæ" æмæ республикæйы авторитеты фехæлд æхсæнадæмон аренæйыл.

Выборы в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры æвзæрстытæн аргъ кæндзысты æхсæнадæмон цæстдарджытæ

Генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг загъта, фӕстаг рӕстӕджы кӕй уыд ахӕм цаутӕ, кӕцытӕ разиан кодтой республикӕйы имидж ӕмӕ йӕ къухдариуӕгады авторитетӕн.

"Уыцы факттӕй алкӕцыйы фӕдыл дӕр арӕрз ӕрцыдысты ӕмбӕлон документтӕ. Ис аудио, фото ӕмӕ видеоӕрмӕджытӕ, уыдон цӕуынц ахуыр ӕмӕ ӕвӕццӕгӕн ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, куы бахъӕуа аргълӕвӕрд аразын хицӕн адӕймӕгты архӕйдтытӕн, кӕцытӕ хъавыдысты ӕвзӕрстыты агъоммӕ уафӕр фендыгъд кӕнын", — загъта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Уый банысан кодта, кӕй йӕ нӕ фӕнды ӕнӕпопулярон мадзӕлттӕ райсын ӕмӕ уыцы адӕймӕгты ныхмӕ карз ӕфхӕрд райсын.

Генпрокурор ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй хъахъхъӕной сабырад, ӕрбацӕуой 9 апрелы ӕвзарӕн фадгуытӕм ӕмӕ равзарой президент.

Уый ма бахахх кодта, исты фӕткалӕн цауты рӕстӕджы закон кӕй кусдзӕн карзӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0