Цхинвайлæгтæ æрбахастой дидинтæ УФ минæварады бæстыхаймæ

© Sputnik / Наталья АйриянВозложение цветов к посольству РФ
Возложение цветов к посольству РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны тæфæрфæс кæнынц питераг метройы æрцæугæ теракты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæ Цхинвалы цæрджытæ хæссынц дидинтæ УФ минæварады бæстыхаймæ, тæфæрфæс кæнынц Санкт-Петербурджы трагедийы фæдыл.

Уæрæсейаг минæварады бæстыхайы Цхинвалы æвæрд ис теракты бынатæй къам, бацæуæны цур ис дидинтæ, кæцытæ знон æмæ абон æрбахастой куыд хуымæтæг цæрджытæ, афтæ тыхон структурæты кусджытæ.

© Sputnik / Наталья АйриянДидинтæ знон æмæ абон хæссынц куыд хуымæтæг цæрджытæ, афтæ тыхон структурæты кусджытæ
Возложение цветов к посольству РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дидинтæ знон æмæ абон хæссынц куыд хуымæтæг цæрджытæ, афтæ тыхон структурæты кусджытæ

Sputnik минæвар Цидайты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй æрбацыд президентæй, Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитетæй тæфæрфæстæ, афтæ ма дыууæ боны мидæг адæм хæссынц дидинтæ.

"Хуссар Ирыстоны цæрджытæ алыхатдæр уæрсæйæгты рис исынц сæ зæрдæмæ æввахс. Афтæ уыд Турчы уæвæг УФ-йы минæвар Андрей Карловы лæгмарды рæстæджы дæр, хъахъхъæнынады министрады хæдтæхæджы авиакатастрофæйы рæстæджы дæр. Абон дæр та цхинвайлæгты зæрдæтæ риссынц ацы трагедийыл", — загъта уæрæсейаг консул.

Къуырисæры, 14.30 мск сахатмæ æввахс петербургаг метройы "Сенная площадь" æмæ "Технологический институт-2" станцты æхсæн æрцыд срæмыгъд. Официалон æгъдауæй фехъусын кодтой 10 фæмардуæвæг æмæ 37 цæфы тыххæй. Слестгæнæн комитет ацы фыдракæндæн саргъ кодта куыд теракт.

Ног хабӕртты лентӕ
0