Хуссар Иры хъалонисæн уагдон фехъусын кодта бюджетмæ æфтиæгты рæзты тыххæй

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæДенежные купюры России
Денежные купюры России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фиддонтæ æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæргълæууæг радзырдта кварталон куысты фæстиуджыты, паддзахадон бюджетмæ финансон фæрæзты бацыды æмæ Фиддонон кодексы фидæны ивындзинæдты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Фиддонтæ æмæ хъалонты фæдыл комитет азы райдианæй паддзахадон бюджетмæ бахаста 184 млн сомæй фылдæр, радзырдта журналисттæн цыппæрæмы уагдоны сæргълæууæг Къацты Вадим.

Уый радзырдта кварталон куысты фæстиуджыты, паддзахадон бюджетмæ финансон фæрæзты бацыды æмæ Фиддонон кодексы фидæн ивындзинæдты тыххæй.

"Фарон нын бантыст æрæмбырд кæнын 784 млн сомы, ацы азы нывæзтты дæр нын ацы суммæйæ къаддæр нæй. Фыццаг квартал уал мах бюджетмæ бахастам нывæзтгонд 178 милуан сомы бæсты 184 млн сомы. Ома ис тенденци хъалонон фæрæзты рæзтмæ", — загъта Къацты Вадим æмæ бафтыдта, æвæрццаг динамикæ бæрæг кæй у хъалонты алы хуызы фæдыл дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæрæзты фæфылдæр баст у уый нымæцы Хуссар Ирыстоны Фиддонон кодексы ногдзинæдтимæ, кæцыдæр фиддонты банымады ивындзинæдтимæ.

Здание Комитета по налогам и сборам Республики Южная Осетия в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Фиддонон кодексы дыккаг хай йӕ тыхы бацӕудзӕн 2018 азӕй

Къацты Вадим банысан кодта, Фиддонтæ æмæ хъалонты фæдыл комитеты хыгъдыл кæй лæууынц цыппар мин амалиуæггæнæгæй фылдæр, кæцытæн æрмæстдæр се 'мбис кæнынц цавæрдæр арахайд. Уыимæ иумæ фарон раргом æрцыдысты 30 амалиуæггæнæджы, кæцы арæзтой бизнес, фæлæ нæ уыдысты регистраци комитеты, æмæ сæхи бааууон кодтой хъалон фидынæй.

"Уыдон фæдыл æрмæджытæ лæвæрд æрцыдысты МХМ-мæ дарддæры мадзæлттæ райсыны тыххæй", — бафтыдта уый.

Уагдоны сæргълæууæг ма радзырдта, ивгъуыд аз кæй раргом кодта республикæйы хисæрмагонд Фиддонон кодексы цухдзинæдтæ, кæцытыл бакуыст æрцыд æмæ ацы аз комитет нывæнды документмæ ивындзинæдтæ бахæссын. Барастгæнинæгтæ, сæрмагондæй, бандавдзысты æфтиаг, исад æмæ зæххы фæдыл хъалонт нымадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0