Таможнæйы хистæр радзырдта цæй фæрцы фæфылдæр сты РХИ бюджетмæ æфтиæгтæ

© Sputnik / Алексей КовалевТаможня
Таможня - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азы райдианæй ТПК республикæйы бюджет баххæст кодта 13 милуан сомæй - уый у 9 милуан фылдæр ивгъуыд азы ацы рæстæгмæ абаргæйæ

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik, Козаты Диана. Таможнæйы паддзахадон комитет бюджетмæ ацы азы райдайæнæй фæстæмæ цы фæрæзтæ бахаста, уыдоны фылдæр бæрц цæуынц транспортон фæрæзты растаможкæйы фæрцы, загъта журналисттæн уагдоны хистæр Цхуырбаты Мурæт.

"Ивгъуыд азы ацы период махæн паддзахадон бюджет баххæст кæнын бантыст æрмæстдæр 3,6 милуан сомæй, ацы аз фæрæзты бæрц у 9 милуаны фылдæр. Къазнамæ бахæсгæ 13 милуан сомæй 8 милуан сомы сты фæсарæнтæй ласгæ транспорт сфидар кæныны тыххæй фиддонтæ. Уый дзурæг у ууыл — цард хуыздæр кæны, адæмыл бандæвта куыстмызды фæфылдæр", — загъта Мурæт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, азы кæронмæ ТПК фæнд кæны бюджетмæ бахæссын 65 милуан сомы. Ивгъуыд аз фæрæзтæ уыдысты дыууæ хатты къаддæр — 34 милуан сомы.

ТПК сæрдар уымæй дарддæр радзырдта, куыд æххæст цæуы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн бадзырд, кæцы хауы дыууæ бæстæйы таможнæйон органты интеграцимæ.

Таможенный пост ФТС России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсе сӕвӕрдзысты иумӕйаг контролон пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы"

Мурæт банысан кодта, ацы аз сæ уæрæсейаг коллегæтимæ кæй ауагътой цалдæр фембæлы, цы ран бадзырдтой арæх æруынаффæ кæнын иумæйаг къахдзæфтыл æмæ "ныфсджынæй цæуынц бадзырд æххæст кæнынмæ".

"Интеграцийы фæдыл мадзæлттæ иууылдæр сты нысангонд 2020 азы онг. Ацы азæй мах хизæм цæгатирыстойнаг пост "Дæллаг Зæрæмæг"-ы имæйаг контрольмæ. Уый фæрог кæндзæн, арæны сæртыл уæзтæ цы æмбæстгтæ ласынц, уыдон архайд. Сæ бон уыдзæн иу бынаты райсын экспорт, импорт æмæ транзиты фæдыл документтæ. Фæкъаддæр уыдзæн документтæ фидар кæныны рæстæг æмæ фæхуыздæр уыдзæн уæзтæ ласыны фæдыл таможнæйы кусджыты контроль", — загъта уагдоны хистæр.

Уый ма бафтыдта, пост "Дæллаг Зæрæмæг"-ы УФ æмæ РХИ таможнæты иумæйаг куысты фæстæ таможнæйы пост "Рукъ" ист кæй æрцæудзæн. Ацы бынаты арæн дарддæр хъахъхъæндзысты хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0