Цхинвалы фӕстаг уираг Рибка Джинджихашвили ссис тыхгӕнӕджы амӕттаг

© Sputnik / Руслан ТадтаевРибка
Рибка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цау æрцыд æхсæвыгон, фыдгæнæг бафæлвæрдта сылгоймагӕн тыхмитæ бакæнын. Тыхгæнæг, Тъбеты хъæуы цæрæг лæппу лæууы психиатрикон диспансеры хыгъдыл.

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фæстаг уираг, ацӕргӕ сылгоймаг Рибка Джинджихашвили бахауд бæллæхы — йæ хæдзармæ йын æнафоны бахызт фыдгӕнӕг, кӕцы фæнадта зæронд усы æмæ йын бафӕлвӕрдта тыхми бакæнын.

Цхинвалы фӕстаг уираг

Цхинвалы фæстаг уираг Рибка Джинджихашвилийы цардыл Sputnik фыста иу азы размæ. Репортажы мыхуыры фæстæ зæронд усы царды æрцыд къорд ивындзинæдтæ — балхæдтой йын ӕхсæн машинæ, кæцымæ сылгоймаг бæллыд бирæ рæстæг, фӕхуыдтой йæ Израильмæ, фæарæхдæр ис хуымæтæг адæмы æххуыс. Фæлæ та æрæджы сылойгмагыл сæмбæлд ног фыдбылыз.

Sputnik Мидхъуыддæгты министрады куыд радзырдтой, афтӕмӕй фыдгæнæджы ныридæгæн æрурæдтой, хъуыддаг та адæттой горæты прокуратурæмæ.

"Цау æрцыд æхсæвы 21:30 сахатыл, фыдгæнæг бафæлвæрдта сылгоймагӕн тыхмитæ бакæнын. Афтæ ма зӕронд ус райста буары цæфтæ. Тыхгæнæг, Тъбеты хъæуы цæрæг лæппу лæууы психиатрикон диспансеры хыгъдыл. Уый йæ фыццаг фыдракæнд нæу. Цауы фæстæ лæппуйы æрурæдтой æмæ ныридæгæн ис Мидхъуыддæгты министрады рæстæгмæ дарæн изоляторы. Хъуыддаг адӕттам горæты прокуратурæмæ", — загъта МХМ-ы горæты хайады хистæр Наниты Игорь.

Sputnik уацхӕссӕг бабӕрӕг кодта Рибкайы хӕдзары, уый ныртӕкӕ йӕхи хаты хорз, фӕлӕ цӕфты бынӕтты йӕ цъӕхтӕ нырма дӕр нӕ ацыдысты.

"Мæхицæн дæндæгтæ сæвæрыны фæнд кодтон, фæлæ мын ме ʻхца дæр адавта… Ӕмӕ ма мӕ саубыны над дæр фæкодта", — дзуры Рибка йæ фæрсчытæм амонгæйæ.

Сылгоймаджы хъуырдухæнмæ фæдисы ‘рбалыгъдысты йæ сыхæгтæ ӕмӕ йӕ уыдон байстой тыхгӕнӕджы къухтӕй.

Цхинвалы фӕстаг дзуттаг Рибкайӕн сӕххӕст кодтой йӕ бӕллиц

Рибка Джинджихашвили кӕд æнæхъусдард нæу, хӕринаг ын хæссынц Алайнаг епархи, Сырх Дзуары комитеты бынæттон мисси, сыхӕгтӕ, уӕддӕр ацӕргӕ сылгоймаг хъаст кæны фыдцард æмæ лӕмӕгъ æнæниздзинадӕй. Уымӕй дарддӕр ма йӕм æмбырд кæнынц алыгъуызон дзæгъæл адæм, йӕ хӕдзары фырнозт кæныц æмæ тамако дымынц. Цы æххуыс æм цæуы, уыдон та йын ныууæй кæнынц, науæд та сæ нозтыл баивынц.

Уыдонӕй иуы — Мæргъиты Шотайы — Рибка хоны йе ‘мкъай. Нæлгоймаг кæд аназын уарзы, уæддæр кусгæ дæр акæны цыдӕртӕ.

"Цардтӕн Гуырдзыстоны, уырдыгӕй хæсты размæ мæ сæр фесӕфтон. Ам ӕрӕджы Розаимæ (Рибка) нæ цард баиу кодтам. Цыдæртæ архайын, кæмæн йæ цæхæдарон скъахын, кæмæн цы… Хъыгагæн, фыдгæнæг куы рбацыд уæд хæдзары нæ уыдтæн, ӕндӕра…", — дзуры Шота.

Рибкайы уазджыты хъӕр-хъӕлӕбайӕ, афтӕ ма йӕ быронӕй тыхсынц сыхӕгтӕ. Уый быронæй канд йӕ чысыл хæдзар æмæ йæ бахизæтæ нæ байдзаг кодта, фæлæ ма саунг кæрт дæр.

"Бырон æппындæр нæ калы. Тæвд бонты гæнæн ис ам исты низ дæр фæзына. Æппарын дæр ницы уадзы, сæрды сывæллæттæ уынгмæ нæ рахиздзысты. Æхсæв та ныл йӕ нозтджын уазджыты хъæлæбайæ хуыссæг нæ хæцы. Нал зонæм цы бакæнæм", — радзырдта сыхаг ус Валя.

Уый ма банысан кодта, Рибкайы кӕй хонынц ӕвӕгӕсӕг зӕрӕдты хæдзармæ, цыран йӕм уыдзӕн ӕмбӕлон ӕркаст, фӕлӕ уырдӕм дӕр нӕ комы.

Ног хабӕртты лентӕ
0