Гаглойты Алан: Хуссар Ирыстоны адæмæн мæ зæрдæ зæгъы дидинæфтыд

© SputnikГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенттæм кандидат схъæлæс кодта Цхинвалы %10-æм æвзарæн фадыгыл

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Республикæйы президенттæм кандидат Гаглойты Алан схъæлæс кодта хуыцаубоны æвзæрстыты, Цхинвал "Мæскуыйаг" микрорайоны æвзарæн фадыджы.
Уый банысан кодта, хæларадон уавæр фæзуатыл æмæ фидарæй загъта, кæй нæ фæсайдзæн адæмы æууæнк.

"Алцыдæр цæуы иттæг хорз. Иууылдæр сты сæ бынæтты. Уавæр у хæларадон, ис сын бæрæгбонон зæрдæйы уаг. Нæ адæмæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ. Кæд æмæ мыл адæм баууæндой, уæд сæ нæ фæсайдзæн",- загъта Гаглойты Алан. Бюллетень урнайы æвæргæйæ.

Избирательный участок в мкр. Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ: ӕвзӕрстытӕ Хуссар Ирыстоны цӕуынц сабырӕй

Паддзахады уæлдæр постмæ ис æртæ претенденты —архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Алан.
Хъæлæскæнынад адарддæр уыдзæн 20:00 сахатмæ бынæттон рæстæгæй (кæцы мæскуыйагимæ у иугъуызон).

Хуссар Ирыстоны хъæлæскæнынадмæ сæ хъус дарынц 80 цæстдарæджы Уæрæсе, ДАР, ЛАР, Хæххон Карабах, Днестргæрон республикӕ ӕмӕ Цæгат Ирыстонæй.
Ӕвзæрстытæ æрцæудзысты нымад, регистрацигонд æвзарджытæы æрбацыд 50%-æй къаддæр куы нæ уа, уæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0