ЦӔК: Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ цæуынц æнæ серьезон фæткхалдæй

© Sputnik / Наталья АйриянВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Централон æвзарæн къамисы сæргълæууæг радзырдта Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ æмæ референдумы хъæлæскæнынады цыды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты æмæ референдумы цыдыл чи бандæвдаит,ахæм фæткхалыны цаутæ нысангонд не ′рцыдысты, загъта журналисттæн ЦӔК-ы сæргълæууæг Плиты Белла.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæ цæуынц сабыр уавæры, алы фадыгыл дæр ис æвзарджыты бæрзонд активондзинад.

Ӕвзарджытæн ма уыд фадат спайда кæнын æмгъуыдæй раздæр схъæлæскæныны процедурæйæ, банысан кодта ЦӔК-ы сæргълæууæг.

"Ӕмгъуыдæй раздæр хъæлæскæнынады процедурæйæ спайда гæнæн уыд хъæлæскæнынады бонæй фондз бон раздæр территориалон фадгуытыл æмæ æртæ бон раздæр та фадыгон æвзарæн къамисты. Ацы фадатæй спайда кодтой æрмæстдæр æртæ æвзарæджы", — загъта Плиты Белла.

ЦӔК-ы пресс-центры ма уагъд æрцыд бастдзинад цалдæр æвзарæн фадыгмæ, кæцытæ сарæзтой хыгъд хъæлæскæнынады фæдыл.

Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр постмӕ тырнынц ӕртӕ кандидаты — архайгӕ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Президентон æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном раивыны фæдыл референдум уагъд цæуынц 77 æвзарæн фадыджы. Уыдонæй 72 æрбайгом Хуссар Ирыстоны территорийыл, æртæ — Цæгат Ирыстоны, фæйнæ иу та — Мæскуы æмæ Сухумы минæварадты.

Ӕвзæрстытæ æрцæудзысты нымад, регистрацигонд æвзарджыты æрбацыд 50%-æй къаддæр куы нæ уа, уæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0