Хъæлæскæнынады фыццаг бæрæггæнæнтæ ЦӔК фехъусын кæндзæн 23 сахатыл

© Sputnik / Наталья АйриянВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты æмæ республикæйы ном раивыны фæдыл референдумы фæдыл хъæлæскæнынад кæронмæ бахæццæ, ЦӔК нымайы хъæлæстæ æмæ ныфс æвæры, фыццаг фæстиуджытæ кæй фехъусын кæндзысты 23:00 сахатыл

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Хуссар Иырстоны ЦӔК цæттæ у президенты æвзæрстыты фæдыл фыццаг развæлгъау бæрæггæнæнтæ фехъусын кæнын 23 сахатыл, загътой Sputnik Централон æвзарæн къамисы пресс-центры.

Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъæлæскæнынад кæронмæ бахæццæ

Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты фæдыл хъæлæскæнынад балхынцъ изæры аст сахатыл. Æвзарджыты æрбацыд уыд 80 процентæй фылдæр.

Ныртæккæ æвзарæн фадгуытыл æрæвнæлдтой хъæлæстæ нымайынмæ. Кандидатты фарсхæцджытæ æнхъæлмæ кæсынц информацимæ сæ æвзарæн штабты.

Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр постмӕ тырнынц ӕртӕ кандидаты — архайгӕ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Ӕвзæрстытæм сæ хъус дарынц 80 æхсæнадæмон цæстдарæджы Уæрæсейæ, Днестргæрон республикæйæ, Хæххон Карабах, Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0