ЦӔК: Бибылты Анатолий æмбулы президентон æвзæрстыты

© SputnikВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ЦӔК банымадта бюллетентæ 27 æвзарæн фадыгæй

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Бибылты Анатолий развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ æмбулы Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты, фехъусын кодта ЦӔК сæрдар Плиты Белла.

Центрӕвзӕрсткъамы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, кӕцы банымадта хъӕлӕстӕ 27 ӕвзарӕн фадыгӕй, Бибылты Анатолийӕн схъӕлӕс кодта ӕвзарджыты 48,7 проценты, Тыбылты Леонид райста 26,5 проценты, Гаглойты Алан — 19,1 ӕмӕ алкӕй ныхмӕ та — 5,7 проценты.

Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр постмӕ тырнынц ӕртӕ кандидаты — архайгӕ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0