Тыбылты Леонид: уый у адæмы равзæрст

© Пресс-служба президента РЮОЛеонид Тибилов
Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент сарæзта комментарий æвзæрстыты фæстиуджыты тыххæй Днестргæнон республикæйæ цæстдаджытимæ фембæлды рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Тыбылты Леонид загъта, Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ нымад кæй æрцыдысты æмæ банысан кодта, Бибылты Анатолий кæй ис фыццаг бынаты.

Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий æмбулы президентон æвзæрстыты, хъусын кæны ЦӔК

Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид райста Днестргæрон Молдаваг республикæйы делегацийы ДМР-йы юстицийы министр Александр Шевченкойы сæргълæудæй, кæцытæ æрцыдысты республикæмæ президентон æвзæрстыты æмæ референдумы цæстдарджыты хуызы, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

"Ӕвзæрстытæ уагъд æрцыдысты, адæм сарæзтой равзæрст. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, парламенты сæрдар рахызт фыццаг бынатмæ. Уый у адæмы равзæрст æмæ махæн хъуамæ уа æмбаргæ ахаст ацы равзæрстмæ", — загъта Тыбылты Леонид цæстдарджытæн.

Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис фехъусын кодта президенты æвзæрстыты развæлгъау бæрæггæнæнтæ. Дзауы район æмæ Цæгат Ирыстоны фадгуытæй дарддæр бюллетентæ банымайыны фæстиуджытæм гæсгæ, фæуæлахиз парламенты спикер Бибылты Анатолий, кæцы райста æвзарджыты 57,9% хъæлæсы.

Ног хабӕртты лентӕ
0