Гаглойты Аланы зӕрдӕ загъта Бибылты Анатолийӕн ӕнтыстытӕ ног бынаты

© Сайт кандидата в президенты РЮО А. ГаглоеваКандидат в президенты Южной Осетии Алан Гаглоев
Кандидат в президенты Южной Осетии Алан Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрмӕстдӕр адӕм сты хицауады иунӕг ратӕдзӕн ӕмӕ мах аргъ кӕнӕм сӕ равзӕрстӕн, загъта президенттӕм кандидат

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенттӕм кандидат Гаглойты Алан раарфӕ кодта Бибылты Анатолийӕ, республикӕйы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ йӕ кӕй равзӕрстӕй, уыф фӕдыл ӕмӕ йын йӕ цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ ног бынаты.

Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: уый у адæмы равзæрст

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны уагъд цыдысты президентон ӕвзæрстытӕ æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум. Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы развæлгъау бæрæггæнæнтӕм гӕсгӕ, ӕвзарджыты 57,9% хъӕлӕстимӕ рамбылдта Бибылты Анатолий.

"Фӕнды мӕ раарфӕ кӕнын нӕ адӕмӕн, ӕвзӕрстытӕ сабырӕй кӕй ацыдысты, афтӕ ма республикӕйы ног президенты ӕмӕ Паддзахад Аланийы фыццаг президенты — Бибылты Анатолийы равзӕрсты цытӕн. Ӕрмӕстдӕр адӕм сты хицауады иунӕг ратӕдзӕн ӕмӕ мах аргъ кӕнӕм сӕ равзӕрстӕн", — загъта Гаглойты Алан.
Ног равзӕрст президентӕн та йӕ зӕрдӕ загъта йӕ фӕндты реализаци ӕмӕ ӕнтыстытӕ.

Гаглойты Алан ма бузныг загъта, йӕ алыварс цы адӕм балӕууыд, "кӕцытӕ уыдысты ацы вазыгджын периоды йӕ фарсмӕ", ӕмӕ йын сӕ хъӕлӕстӕ цы ӕмбӕстӕгтӕ радтой, ӕппӕт уыдонӕн.

"Кӕй мыл баууӕндыдысты, уымӕн ӕз стыр аргъ кӕнын", — бахахх кодта Гаглойы фырт.

Уый ма банысан кодта, йӕ фарсмӕ цы ӕвзонг фӕлтӕр ӕрбалӕууыд, уымӕн кӕй ис йӕхи сӕрмагонд ахаст цардмӕ ӕмӕ республикӕйы цӕуӕг процестӕм ӕмӕ загъта, дарддӕр дӕр иумӕ кӕй кусдзысты йӕ программӕйы ранымадгонд фарстытыл.

Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Гаглойты Алан президентон ӕвзӕрстыты райста ӕвзарджыты 11,01% хъӕлӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0