ЦӔК æппæт æвзарæн фадгуыты бæрæггæнæнтæ дӕр ныммыхуыр кæндзӕн æртыццæджы

© SputnikБелла Плиева
Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Централон æвзарæн къамис цæттæ кæны протоколтæ хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæм гæсгæ

ЦХИНВАЛ, 11 апр, — Sputnik. Централон æвзарæн къамис цæттæ у ӕртыццӕджы развæлгъау бæрæггæнæнтæ раттын референдум æмæ президентон æвзæрстыты фæдыл æппæт æвзарæн фадгуытæй, фехъусын кодта Sputnik Центрæвзарæнкъамы сæрдар Плиты Белла.

Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: уый у адæмы равзæрст

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн цæттæ цæуынц Дзауы районы æмæ Цæгат Ирыстоны æртæ æвзарæн фадгуыты хатдзæгтæ.

ЦӔК уымæй размæ фехъусын кодта развæлгъау бæрæггæнæнтæ 62 æвзарæн фадыгæй, уыдонмæ гæсгæ хъæлæсты 57,9 процентимӕ фæуæлахиз Бибылты Анатолий.

Æдæппæтæй æвзæрстыты бакодтой 77 æвзарæн фадыджы, уыдонæй фондз УФ территорийыл. Фæуæлахаиз уæвынæн кандидаты хъуыд райсын 50% чысыл фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0