ФХМ:Паддзахад Алани ном райсынимæ паспорттæ ивын нæ бахъæудзæн

© Sputnik / Алексей КовалевФлаг
Флаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахад Алани уыдзысты æмнысаниуæгджын, алы адæймагæн дæр ис фадат спайда кæнын сæ дыууæйæ иуæй, загъта ФХМ-ы сæргълæууæг

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны дыккаг ном — Паддзахад Аланийы райстимæ республикæйы æмбæсттæгтæн нæу æнæмæнгхъæуæг сæ паспорттæ ивын æмæ официалон документтæм ивындзинæдтæ хæссын, загъта Sputnik фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæт.

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытимæ иумæ уагъд æрцыд республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум. Хуссар Ирыстоны ном Паддзахад Аланимæ раивынæн схъæлæс кодтой республикæйы цæрджыты 78%.

"Уый у тынг хорз бæрæггæнæн, кæцы дзурæг у ууыл æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæ фидæн амайгæйæ æмæ паддзахаддзинад фидаргæнгæйæ, сæхи нымайынц аланты фæдонтæй. Нæ адæм амайынц хид зноны æмæ сомы боны æхсæн", — загъта Джиоты Мурæт.

Министр бамбарын кодта, референдумы фарстæн формулировкæ аразгæйæ дзырд кæй нæ цыд республикæйы ном æнæхъæнæй раивыныл, "дзырд цыд цæмæй ныры ном — Республикæ Хуссар Ирыстонимæ ма законон æгъдауæй республикæйæн лæвæрд æрцæуа дыккаг ном дæр — Паддзахад Алани".

Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахад Аланийæн загътой "РАЗЫ ДӔН"

"Нырæй фæстæмæ ацы дыууæ номы уыдзысты æмнысаниуæгджын æмæ юридикон æгъдауæй уыдзысты раст нæ республикæйы ахасты. Алы адæймагæн дæр ис бар дыууæ номæй иуæй пайда кæнын. Ахæм формулировкæ мах нæ хæсджын кæны нæ паспорттæ ивын, официалон документтæм ивындзинæдтæ хæссын, æвиппайды нæ символикæ ивын", — банысан кодта ФХМ-ы сæргълæууæг æмæ бафтыдта, ивындзыдтæ кæй хъæуы бахæссын æрмæстдæр Конституцийы фыццаг хаймæ.

Уый бафтыдта, республикæйы дыккаг номы райст дзуапп кæй дæтты хуссарирыстойнаг адæмы ныфс, идеологи, ивгъуыдимæ бастдзинæдтæ æмæ фидæнмæ цæстæнгасæн, ноджы дæр бæлвырд кæны алайнаг-хуссарирыстойнаг адæмы иудзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0