Артгæнæнтæ. Низ æмæ фыдбылыз сурæг ритуал рагфыдӕлтӕм

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæПразднование Крещения в Республике Абхазия
Празднование Крещения в Республике Абхазия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон адæмы раг замантæй уырныдта, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ, уый тыххæй æгъдау домы æртæ гæппы арты сæрты акӕнын.

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны æртыццæджы изæры банысан кæндзысты рагфыдӕлтӕй баззайгӕ бӕрӕгбон — Артгæнæнтæ.

Ирон адæмы фыдӕлты рагзамантæй фӕстӕмӕ уырныдта, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ, уый тыххæй иу Куадзӕны размӕ ӕртыццӕджы банысан кодтой Артгӕнӕнтӕ. Нартхоры хӕлттӕ, бæлæсты сыфтæр, сӕнӕфсиры ӕхсӕдӕнтӕ, къæцæлтæ æмæ æндæр быронæй-иу скодтой артытæ. Ӕгъдау домдта æртæ гæппы арты сæрты акӕнын.

"Арты сæрты гæпп кодтой, уырныдта сӕ, уымæй кæй сырдтой сæ фыдбылызтæ æмæ низтæ. Ома азы дæргъы уыдзысты æнæниз, бæллæхтæй хызт. Рынчынтæ гæххæттыл, науæд иу хъуымацы гæппæлыл ту кодтой æмæ йæ ‘ппæрстой арты, цæмæй адæймагæн йе ‘уæнгты цы низтæ ис, уыдон басудзой Артгæнæнты зынджы", — радзырдта Sputnik фыссæг, ирзонады ирд минӕвар Хъазиты Мелитон.

Уый ма банысан кодта, раздӕр арты сæрты гæппытӕ кӕныны ӕгъдау фылдӕр бӕрцӕй кӕй хауд хистӕр кары адӕммӕ.

Стыр Комдарæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Комдарæн

"Кӕд ныр сывӕллӕттӕ фӕгӕппытӕ кӕнынц арты сӕртыл, уӕд раздӕры ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕртӕ гӕппы ӕмбӕлд хистæр нæлгоймæгтæм дӕр. Сылгоймæгтæ ацы мадзалы нæ архайдтой", — бафтыдта йæ ныхæстæм ахуыргонд.

Фыдæлты æгъдау абон чысыл фæцудыдта, ныр мадзал организаци кӕнын сӕхимӕ райстой сывӕллӕттӕ. Къӕцӕлтӕ ӕмӕ сыфтӕрты баивтой хӕдтулгӕты цӕлхытӕ. Сабитӕ къуыри раздӕр райдайынц цӕлхытӕ ӕмбырд кӕнын.

Куыд районты, афтӕ Цхинвалы дӕр стæм уынг аззайы, кæцыйы не ʻсрухс кæны арты зынг æмæ не ʻскæлы шинæты пиллон. Бирæ хæттыты-иу районты ʻхсæн вӕййы ерыстæ дӕр, чи стырдæр арт сараздзæн, уымæй. Кӕддӕрты-иу сӕ бахъуыд УУМ-ы зангхуыссынгӕнӕн къорды ӕххуыс дӕр.

Ахӕм ӕртыты фӕстӕ низтӕ ӕмӕ фыдбылызтӕ фӕсурыны бӕсты йӕ аразджытӕ бахауынц хистӕрты уайдзӕфты бын — машинӕты цӕлхыты сыгъды тӕф цалдӕр бонты нал фӕцӕуы уынгтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0