Хуссар Иры президенты инаугураци фыццаг хатт ацæудзæн стадионы

© Sputnik / Михаил ХасиевЛечу над родной землей
Лечу над родной землей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий бахиздзæн йæ бынатмæ 22 апрелы – хъæлæскæнынады фæстиуджытæ фехъусын кæнынæй дæс боны фæстæ

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты инаугураци ацæудзæн Цхинвалы стадионы, фехъусын кодтой Sputnik Бибылты Анатолийы штабы.

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны ацыдысты президентон æвзæрстытæ, цы ран, ЦӔК-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 54,8 процентимæ фæуæлахиз Бибылты Анатолий.

"Инаугураци фæнд кæнæм ауадзын стадионы. Уый у равзæрстгонд президенты фæндон. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый фæнды, цæмæй мадзалмæ æрбацæуой РХИ адæм æмæ уазджытæ, уыдон та сты бирæнымæц æмæ залы ницы хуызы бацæудзысты", — загътой штабы.

Раздæр-иу президенты бынатмæ бахизыны процедурæ уагъд цыд Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы, науæд та Хицауады æмбырдты Стыр залы.

Ног хабӕртты лентӕ
0